Республикæйы банывыл кодтой 61 хæдзары кæрты
Республикæйы банывыл кодтой 61 хæдзары кæрты. Æппæт куыстытæ æххæстгонд цæуынц «Жилье и городская среда», зæгъгæ, национ проекты фæлгæты. 61 бирæуæладзыгон хæдзары кæртæй 49 сты Дзæуджыхъæуы, 2 кæрты Мызуры, 1 Фыййагдоны, Дигорайы 6 æмæ Мæздæджы 3. Кæртыты ногæй баивтой асфальты уæлцъар, ауагътой дзы рухсдæттæн системæ, бандæттæ æмæ урнæтæ. Хæдзæртты кæртытæй кæцыдæрты фæзынд сывæллæттæн хъазынæн æмæ спортивон фæзтæ дæр. Зæгъæм, Доваторы проспекты бирæуæладзыгон хæдзары кæрты фæзынд хъазынæн дыууæ бынаты. Иу тренажертимæ, дыккаг та хи ирхæфсынæн. Мæздæджы фылдæр се`ргом аздæхтой хæдтулгæтæн æрлæууæнтæ æмæ сывæллæттæн хъазынæн фæзтæм. Ам цæрджытæ сæхи хъæппæрисæй хæрдзты 20% баххæст кодтой сæхи номæй. Хъазæн фæзтыл байтыдтой, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм синтетикон æрмæгæй. Ныртæккæ Мæздæджы фæнд кæнынц 42 хæдзары кæрты банывыл кæнын. Алы ран дæр дзы сарæзтой цæрджытимæ æмбырдтæ. Бацæттæ кодтой дизайн-проекттæ æмæ проектон-сметон гæххæтытæ. «Формирование комфортной городской среды», проект ис национ проекты дæлбар. Йæ райрæзтыл ын кусдзысты 2024-æм азмæ. Республикæйы 5 азы æмгъуыдмæ проекты фæлгæты базилдзысты 600 хæдзары кæртмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Республикæйы банывыл кодтой 61 хæдзары кæрты
Категория:
Новости и СМИ