Сæрмагонд æмбырды фæлгæты æрдзырдтой эпидемиологон уавæрыл, уыимæ медицинон уагдæтты ифтонгдзинадыл
Оперативон штабы радон æмбырды æрныхас кодтой коронавирусы уавæрыл Цæгат Ирыстоны. Иуылдæр медицинон уагдæттæ фæнысан кодтой, коронавирусæй рынчынты бæрц кæй фæкъаддæр, уый. Уæдæ фылдæр кæны, вакцинаци чи скодта, уыдоны нымæц дæр. Дзырдæн зæгъæм, Уæрæсейы цæстдарды управлени куыд фæнысан кодта, афтæмæй, 63% онг фæфылдæр, ивгъуыд къуыриимæ абаргæйæ. Сергей Меняйло ацы дыууæ куыстуатæн бахæс кодта биноныгдæрæй æркæсын, æнæ дохтыры амындæй коронавирусæй дзæбæх кæнынæн хостæ цы афтектæ уæй кæнынц, уыдонмæ, æмæ сын сæ лицендзитæ байсын, уаг куы халой, уæд. Æмбырды фæлгæты сæргълæууæг æрфарста, диабетæй рынчын сывæллæттæн тестытæ кæй нæ фаг кæны, уый тыххæй. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры ныхæстæм гæсгæ, нæ фаг кодтой сывæллæтты туджы бæрзæнд барыны аппараттæ, фæлæ уыдонмæ дæр æнхъæлмæ кæсынц. Æрæджы республикæмæ æрластой концентратортæ. Ныридæгæн сæ байуæрстой. 100 концентратормæ ма æнхъæлмæ кæсынц. Республикæмæ ма æрбафтдзæн биологон препараттæ дæр. Фæнысан ма хъæуы уый дæр, æмæ туагуыры æртæ станцæйæн тагъд рæстæджы сæ бынæттæ снысан кæндзысты. Æмбырды фæлгæты Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы сæргълæууæг рахаста фæнд уæлдæр ахуыргæнæдæтты студентты дистанцион хуызы ахуыртæ аргъæвын 1 декабрмæ, астæуккаг æмæ профессиналон ахуырады минæвæртты та къуырисæрæй комкоммæ ахуыртæм раивын. Иуылдæр ацы хъуыдыимæ сразы сты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv