Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад сбæрæг кодта дæрддзæф хъæуты æвзаран хайæдтæ
Хæххон хъæуты æвзарæн хайæдты уавæр сбæрæг кодтой Æнæнхъæлæджы цауты министрады кусджытæ. Фыццаджыдæр зынгсирвæзты ныхмæ домæнтæ. Æрæфы районы ис дыууæ хайады: иу Стыр Дыгуры, иннæ та Гæлиаты. Цæрджыты нымæц дзы у 150. Алкæй бон дæр дзы у йæ граждайнаг хæс сæххæст кæнын, уыимæ ма æдас уавæрты. Басгæрсты рæстæг специалисттæ бæрæг кодтой зынгсирвæзты рæстæг цы автоматикон ситемæ скусы, уый куыст æмæ эвакуацийы фæндæгтæ. Уымæй уæлдай хъæлæс кæныны иумæйаг бон дзуапдæттæг ведомствойы кусджытæ рад хæсдзысты æвзарæн хайæдты. Дæрддзæф хъæуты специалисттæн æххуыс кæндзысты зынгхуыссынгæнджыты командæты бархионтæ.