Дзæуджыхъæуы риелтортæ аæрныхас кодтой сæ куыст фæхуыздæр кæныны фарстадыл
Риелторты цæгатирыстойнаг ассоциацийы æмбырд ацыд Дзæуджыхъæуы. Æрныхас дзы кодтой, хæдзар æлхæнгæйæ кæнæ уæй кæнгæйæ мадæлты капиталæй пайда кæныны фарстатыл. Фембæлды архайдта 20 адæймагмæ 'ввахс. Се 'хсæн уыд пенсион фонд, нотариалон æмæ регистрацион палатæтæ, банчы æмæ бирæвæрсыг центрты уæнгтæ. Ахæм мадзал республикæйы сарæзтой фыццаг хатт. Йæ сæйраг нысан у риелторты лæггæдты хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнын.