Сергей Меняйлойы разамындæй уыд аппаратон æмбырд
Дæрддзæф хъæуты ма фæнд кæнынц ноджы 15 афтекы байгом кæнын. Апрелы кæронмæ 8 ахæм пункты фæзындзæн Мæздæджы районы. Иннæ объекттæ муниципалитетты байгом кæндзысты 10-æм маймæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды. Сергей Меняйло дзуапдæттæг кусджытæн бабар кодта, ацы фарстайыл тагъддæр бакусын, цалынмæ цæрджытæ ногæй хъаст кæнын нæ райдыдтой, уæдмæ. Республикæйы фæндæгтыл сæмбырд 600 уæзласæн хæдтулгæйы, уыдонæй 490 баурæдтой сæрмагонд æрлæууæн бынæтты. Сæргълæууæг дзуапдæттæг ведомствотæн бабар кодта, куыст афтæ рацаразын, цæмæй машинæтæ бирæгæйттæй ма æмбырд кæной. Транзитон транспортмæ хъæуы уæлдай æргом здахын, ахæм хæдтулгæтæ, æнæмæнг хъуамæ лæууой сæрмагонд бынæтты. Кæд дзы уæгъд бынæттæ нæй, уæддæр хъуамæ хæдтулгæтæ фæндæгты былтыл ма æмбырд кæной.