Хабархæсджыты хабæрттæ
Цæгат Кавказы регионты дзыллон информацион фæрæзты 6-æм æппæтадæмон æрвылазон форум кусы дарддæр Цæцæны республикæйы. Нæ республикæйæ уырдæм ацыдысты 50 журналистæй фылдæр. Абон форуммæ сæмбæлдысты Цæгат Кавказы регионты сæрдартæ æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды æххæстбарджын минæвар Александр Матовников. Архайдтой сæрмагонд программæйы. Чысыл раздæр форумы кусын райдыдтой медион æрмадзтæ «Печатные СМИ в эпоху цифровых медиа» æмæ «Мультимедийный проект: опыт ТАСС», зæгъгæ, нæмттимæ. Спикертæ дзы сты федералон дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ. Æрмадзты куысты фæстæ та уыдзæн пленарон æмбырд. Ныхас дзы кæндзысты нырыккон дзыллон информацион фæрæзтæн аргъ кæныны мадзæлттыл. Форумы кæрон сбæрæг кæндзысты, йæ дæсныйады чи фесгуыхт, уыдоны. Цæгат Ирыстонæй хуыздæрты `хсæн сты 15 архайæджы. Семæ нæ телекомпанийы цалдæр проекты дæр. Нæ зæрдæ сын уæлахиздзаутæ суæвын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хабархæсджыты хабæрттæ
Категория:
Новости и СМИ