Зонын хъæуы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Дзæуджыхъæуы ахуыргæнæндæтты уыд пенсион зонындзинæдты бон. Фæткмæ гæсгæ, 25-æм сентябры Пенсион фонды кусджытæн вæййы информацион-æмбарынгæнæн кампани. Фембæлынц хистæркъласонтæ æмæ техникумты студенттимæ. Æрыгæттæ сæм алкæд цымыдисæй фæхъусынц. Ахæм фембæлдтытæ саразынæн сын баххуыс кæнынц нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрад. Программæмæ гæсгæ пенсион фонды специалисттæ бабæрæг кæнынц Цæгат Ирыстоны техникумтæ æмæ скъолатæ. Лекциты æмæ семинарты сын æмбарын кæнынц нæ бæстæйы закъæттæ, амонынц пенсион реформæйы ногдзинæдтæ. Уымæй уæлдай ма дзуапп дæттынц фæсивæды фÆрстытæн. Хистæрты ныхæстæм гæсгæ, æрыгæттæ хъуамæ æмбарой, пенси цæмæй аразгæ у, афоныл куыд исгæ у, уыдæттæ. Борæты Алыксандр - Дзæуджыхъæуы пенсион фонды разамынды сæргълæууæг:  «Ахæм мадзал саразын ахсджиаг у. Кæстæртæ йæ куы бамбарой, уæд сæ ныййарджытæн æмæ хæстæджытæн дæр сæ бон баххуыс кæнын уыдзæн. Фыццаджыдæр сын радзурынц, сæ пенси куыд исдзысты, уый. Уымæй дарддæр ма сын дзуап радтынц сæ иннæ фÆрстытæн дæр. Фæсивæдæн ахæм зонындзинæдтæ сты ахсджиаг æмæ пайдайаг». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Зонын хъæуы

Категория:

Новости и СМИ