Ног азмæ – ног фæндтимæ
Уæрæсейы Федерацийы уæлæмхасæн фонды æхцатæй Цæгат Ирыстоны бындуронæй цалцæггонд æрцæудзысты Алагиры æмæ Рахизфарсы районы рынчындонтæ. Уый тыххæй уынаффæ бафыста Владимир Путин. Цы æхца сын радих кæндзысты, уыдонæй Алагиры рынчындоны базилдзысты арæн æмæ дзæбæхгæнæн хайæдтæм, стæй лабораторитæм æмæ операцитæгæнæн уæттæм. Куыстытæн бахъæудзæн 43 милуан сомы.Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ Алагиры рынчындоны суткæгай кусæг стационары ис 148 бынаты, уыдонæй 35 – боныгон стационары. Рацарæзты куыстыты фæткмæ гæсгæ Рахизфарсы районы рынчындоны банывыл кæндзысты реанимацион, хирургион, сывæллæтты æмæ исæн хайæдтæ. Æппæт куыстытыл бахардз к æндзысты 17 милуан сомы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног азмæ – ног фæндтимæ
Категория:
Новости и СМИ