Сергей Меняйло федта Дзæуджыхъæуы сæйраг парчы ног фæлладуадзæн зонæйы арæзтады куыстыты цыд
Сергей Меняйло федта Дзæуджыхъæуы сæйраг парчы ног фæлладуадзæн зонæйы фонтан-æхсæрдзæнимæ арæзтады куыстыты цыд. Фыццаг вице-премьер Атарты Георгийимæ аныхас кодтой аразджытимæ. Куыстытæ цæуынц цырд — райсомæй-изæрмæ. Ахсджиаг у, цæмæй алцыдæр срæвдз уа афоныл, уыимæ хæрзхъæд. Проект æмткæй æххæст кæнынц æнæбюджетон фæрæзтæй. Объект рауайдзæн аив, суыдзæн республикæйы цæрджытæ æмæ уазджыты уарзон бынат.
Название:
Сергей Меняйло федта Дзæуджыхъæуы сæйраг парчы ног фæлладуадзæн зонæйы арæзтады куыстыты цыд
Категория:
Новости и СМИ