Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды æхсæнадон советæн уыд æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

919 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

919 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

919 просмотров

7 лет назад

Разамынддæттæг компанитæм чи нæ хауы, ахæм бирафатерон хæдзæртты нымæц фаронимæ абаргæйæ фæфылдæр. Кæд ивгъуыд аз 146 уыдысты, уæд ацы аз сты 176. Уый тыххæй фехъусын кодтой Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды æхсæнадон советы æмбырды. Разамындæттæг компанитæ ныртæккæ зын уавæры сты. Цæрджыты фылдæр хай хъæугæ фиддонтæ не 'ххæст кæнынц. Арæхдæр 30 процентæй фылдæр нæ сæмбырд кæнынц. Афтæмæй, компанитæм фæрæзтæ нæй, хæдзæрттæм базилынмæ. Уыимæ ма, Дзæуджыхъæуы раздæры æмдзæрæнтæ, ныр заууат уавæрмæ чи æрцыд, ахæмтæ 64 сты. Советы уæнгтæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй разамындæттæг компаниты бон ахæм хæдзæртты ницы у.Ома, бындуронæй сæ цалцæг кæнын хъæуы. Æмбырды хъæппæрис рахастой, 2020 азы Дзæуджыхъæуы цæрæнуатон фонды инвентаризаци саразын. Уыимæ ма, разамындæттæг компанитæн лицензи дæттыны домæнтæ фæкарздæр кæнын. Цæмæй техникон æгъдауæй дæр куыд æмбæлы, афтæ ифтонггонд уой. Нæ республикæйы цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады комитеты разамонæг, Хуасдзауты Маирбек æрныхас кодта афæдзы дæргъы куысты хатдзæгтыл. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы аз хъармгæнæн рæстæгмæ цæттæдзинады паспорт иннæ азтæй уæлдай горæт райста. Æппæт райхалинаг фарстатæм дæр æргом æздæхт кæй æрцæудзæнис, уый фæбæрæг кодтой советы уæнгтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды æхсæнадон советæн уыд æмбырд

Категория:

Новости и СМИ