Гæдиаты Цомахъы номыл уынджы хæдзары цæрджытæ хъаст кæнынц быроны контейнерты уавæрæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

4 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

4 года назад

Гæдиаты Цомахъы номыл уынджы хæдзæрттæм хæстæг сæвæрдтой хауæццæгтæ æмбырд кæнæн контейнертæ. Ногдзинад цæрджытæн ницы пайда фæцис. Хъаст кæнынц быроны сымагæй. Фарстайы фæдыл æххуысагур бацыдысты дзуапдæттæг ведомствотæм. Уый фæстæ сын контейнертæ хæдзарæй 20 метры дарддæр сæвæрдтой. Домæнтæ куыд амонынц, афтæ. Фæлæ цæрджытæ уæддæр разы не сты. Гæдиаты Цомахъы номыл уынджы цæрджытæ алы райсом райхъал вæййынц бырон ласæн хæдтулгæйы уынæрæй. Рудзгуытæ куы байгом кæнынц, уæд та быроны сымагæй фатертæ айдзаг вæййынц. Æмæ афтæ ныр цалдæр мæйы. Ахæм уавæр сæвзæрд быроны контейнертæ хæдзары кæрты кæй сæвæрдтой, уый фæстæ. Раздæр фæндаджы был лæууыдысты. Сæйраг уынгтæй ист æрцыдысты, цæмæй горæт аивдæр уа. Фæлæ цæрджытæй бирæтæ хъаст кæнынц. Цæрджытæ сæ хъаст бахастой дзуапдæттæг вемствотæм. Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы сын дзуапп радтой, санитарон домæнтæ æххæстгонд нæ цæуынц, зæгъгæ. Быроны бактæ цæрæн хæдзæрттæм æгæр хæстæг æвæрд æрцыдысты. Сæ хъуыды горæты администрацимæ дæр фæхæццæ кодтой. Ацы фарстайæн дзуапп агур ацыдыстæм Дзæуджыхъæуы администрацимæ дæр. Куыд нын радзырдтой, афтæмæй Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы амынддзинæдтæм сæ хъус уайтагъд æрдардтой. Контейнертæ хæдзæрттæй фæфалдæр кодтой 20 метры бæрц. Домæнтæм гæсгæ, афтæ æмбæлы. Фæлæ фарстайыл нæ сахадыд. Цæрджытæ дарддæр хъаст кæнынц. Администацийы специалисттæ сын æмаккаг хъуыды загътой. Сæрдмæ бирæ нал баззад. Быроны 6 бакы æмбырд кæндзысты лыстæг цæрæгойтæ. Цæрджытæ зæрдæ дарынц цы æмбæрзæнæй сын ныфс æвæрынц, уый сын иу гыццыл æххуыс кæй уыдзæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv