Цы? Кæм? Кæд?
Интеллектуалон клуб «Альбус»-ы уыдысты хъазт «Цы? Кæм? Кæд?»-ы Сæрды кубок рамбулыны ерыстæ. Архайдтой дзы 20 командæйы. Алы къорды дæр ис алы кары 6 адæймагæй фылдæр. Се `хсæн – скъоладзаутæ, студенттæ æмæ нæ республикæйы организациты минæвæрттæ. Ерыстæ цыдысты дыууæ боны. Хъазты фæрстытæн сæ фылдæр Цæгат Ирыстоны историимæ баст уыдысты. Ерыс кодтой 3 къæпхæнæй. Ацы аз ма сæм бафтаудзысты цыппæрæм – сæрдыгон. Уый та уый тыххæй, æмæ интеллектуалон хъазт адæмы уæлдай цымыдис кæны. Зæгъын хъæуы уый, æмæ сæрдыгон къæпхæны уæлахиздзаутæ, командæ «Глобал IQ»-йы уæнгтæ дарддæр архайдзысты Цæгат Кавказы форумы «Интеллектуальный Кавказ», зæгъгæ, уым. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Цы? Кæм? Кæд?
Категория:
Новости и СМИ