Театр «Саби»-йы труппæ гастрольты ис Хуссар Ирыстоны

Театр «Саби»-йы труппæ гастрольты ис Хуссар Ирыстоны. 20-æм апрельмæ актертæ равдисдзысты 14 спектаклы. «Ацæмæзы сызгъæрин уадындз» Хуссар Ирыстоны цæрджытæ фендзысты республикон культурæйы хæдзары æмæ драмон театры сценæйыл. Уыцы иу рæстæг гастрольты фæлгæты скъолатæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты артисттæ ахъаздзысты Михаил Садовскийы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Терёшечка». Уырыссаг æвзагыл æй сæвæрдта Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг, режиссёр Саламаты Наталья. «Саби»-йы аивадон разамонæг Гæлæуты Аслæнбег куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахæм гастрольтæ ахсджиаг сты, 1988 азы онг театр æппынæдзух цыд Хуссар Ирыстонмæ, гастрольты уыд горæтты, районты æмæ хъæуты.

Иконка канала IRYSTONTV
1 455 подписчиков
12+
11 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии