Йæ гыбар-гыбур та райхъуыст
Цалцæджы фæстæ Дзæуджыхъæуы сывæллæтты æфсæнвæндаджы станцæ куы байгом ис, уæд ыл зæрдиагæй бацин кодтой. Йæ фенынмæ цыдысты æнæхъæн бинонтæй, хистæрæй-кæстæрæй. Кар адæмæй чи йе `рыгон бонтæ æрымысыд, чи та йæ ахсджиаг культурон æмæ хиирхæфсæн фæзындыл банымадта. Цавæр ногдзинæдтæй нæ сцымыдис кодта ацы зæронд - ног æфсæнвæндаг, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг. «Фыццаг æфсæнвæндагыл рацыд поезд. Уæхи хъахъхъæнут æмæ фæндаджы былæй дарддæр ацæуыт». Вагон сындæггай йæ мидбынатæй сæнкъуысыд. Дзæджыхъæуы сывæллæтты æфсæнвæндаг цалцæггæнæн куыстыты фæстæ байгом 19 июлы. Уæвгæ дзы æппынæдзух бирæ адæм вæййы. Уый та уымæн æмæ æрдзы хъæбысы æфсæнвæндагыл абалц кæнын канд сабитæм нæ, фæлæ-ма хистæр кары адæмæн дæр æхсызгон у. Нæ райсом райдыдта райсомы 7 сахатыл,Фæтезгъо кодтам дедрарийы,уырдыгæй рабалц кодтам ардæм,сырдтæн дæр ахæрын кодтам.Æфсæнвæндаг куы ауыдтам, уæд æм нæ зæрдæ нæ фæлæууыд.Нæ фæфæсмон кодтам.Алцыдæр дзы тынг хорз конд у.Æрмæст дзы æнуд уыд.Нæ зæрдæмæ фæцыд Кусæг балцы сывæллæтты æфсæнвæндагмæ æрбацыд республикæйы промышленность æмæ транспорты министр Хайдарбек Бутов. Сбæрæг кодта куыстыты хæрзхъæддзинад, поездтæ цы депойы дарынц, уый æмæ вагæтты уавæр. Йæ хъуыдымæ гæсгæ куыстытæ куыд æмбæлы, афтæ конд сты. Фæлæ рабæрæг кодта бакусын кæуыл хъæудзæн, ахæм аиппытæ дæр. Хайдарбек Бутов: «Алцыдæр мæ зæрдæмæ фæцыд.Æрмæст поезды рудзынгæй мæм цытæ разынд ,уыдонæй мæ зæрдæ бамæгуыр.Фæлæ уый фæдыл дæр разамонæгимæ æрдзырдтам,ууыл дæр бакусдзыстæм.Фæзындзæн дзы цыдæр фæлгонцтæ,кæцытæй сывæллæтты зæрдæ поездыл цæугæйæ райдзæн. Рудзынгæй сын кæсын æхсызгондæр уыдзæн». Дзæджыхъæуы сывæллæтты æфсæнвæндаджы станцæйы ма ис ахуыргæнæн кълæстæ дæр. Ам скъоладзауты зонгæ кæнынц æфсæнвæндæгты къабазы куысты сусæгдзинæдтимæ. Радтынц сын поезды машинисты бынаты æрлæууыны бар. Афтæмæй бæлццæтты кæдæм æмбæлы, уырдæм бахæццæ кæнын. Ахуыртæ вæййынц Октябрæй апрелмæ. Апрелы та сывæллæттæ раттынц фæлварæнтæ æмæ сæ цæуыл сахуыр кодтой, уый рабæрæг вæййы. Уый фæстæ сæ зонындзинæдтæ равдисынц практикæйы. Ацы аз фæлварæнтæ 623 сывæллоны радтой. Кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахуыртæ цымыдисаг æмæ пайда сты. Уæдæ сывæллæттæ сæ рæстæг пайдаимæ кæй æрвитынц, уый дæр бирæйы аргъ у. Ахуыргæнгæйæ канд сæхи нæ аирхæфсынц, фæлæ ма сæ зонындзинæдтæ дæр фылдæр кæнынц. Æртæ азы ахуыртæ,Фыццаг дыууæ азы-сты æрыгон æфсæндаджы кусджытæ. Сывæллæттæ ахуыр кæнынц,ног дæсныйадимæ зонгæ кæнынц.Базонынц,цы у æфсæнвæдаг,цæмæй æмæ куыд арæзт у,цавæр специальносттæ йæм хауынц. Æртыккаг аз та сæ дæснытæ аразын райдайæм. Ис нæм алыхуызон къордтæ,иууылдæр сты Дзæджыхъæуы сывæллæтты æфсæнвæндаг байгом 1968 азы. Йæ дæргъ æртæ километры у. Поезд ыл 20 минутмæ ацæуы. Уæдæ билеты аргъ дæр зынаргъ нæу - 75 сомы. Цыппар азы онг сывæллæттæ поездыл лæвар цæуынц. Ныртæккæ Дзæджыхъæуы сывæллæтты æфсæнвæндагæн йæ сæрдыгон рæстæг кæронмæ æрхæццæ. Ныры онг кæд поездыл алы бон дæр ацæуæн уыд, уæд ныр та æрмæстдæр хуыцаубоны. Бæлвырд бæрæггæнæнтæм гæсгæ Дзæджыхъæуы сывæллæтты æфсæнвæндаг куы байгом ис, уæдæй абонмæ дзы æхсызгонæй спайда кодтой 4000 мин адæймаджы. Уый æрмæст иу мæймæ. Кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй, сæ поезд адæмæн уарзон ссис. Уый та сын тынг æхсызгон у. Сæ тыхыл сын тых æфтауы æмæ сæ разæнгард кæны хуыздæр кусынмæ. Зæрдæ æвæрынц сæ балцтæ бонæй-бонмæ цымыдисагдæр кæй кæндзысты, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Йæ гыбар-гыбур та райхъуыст
Категория:
Новости и СМИ