Тарскæйы полигоны сарæзтой 58 æм æфсады артиллеристты `хсæн ерыстæ
Тарскæйы полигоны ТА 58-æм æфсады артиллеристтæ архайдтой «Мастер артиллерийского огня»-ы конкурсы дыккаг æвзарæн къæпхæны. Æдæппæтæй 100 æфсæддоны. Уыимæ ма техникæйы 30 иуæджы. Сæ къухты- картæ, хъыбыллæ æмæ æндæр сæрмагонд гæрзтæ. Æфсæддонтæ æххæст кодтой сæрмагонд хæслæвæрдтæ». Тарскæйы палигоны сæумæрайсом райдыдтой æфсæддон мадзæлттæ. «Мастер артиллерийского огня 2020»-йы ерысы хуыздæр суæвыныл архайы ам алы взвод дæр. Хæслæвæрдмæ гæсгæ фыццаг сæмбырд сты къордгæйтæй. Уый фæстæ сæ фæндаг акодтой æмбæлгæ бынатмæ. Æдæппæтæй 100 æфсадгæнæджы æмæ техникæйы 30 иуæджы. Кусынц лæмбынæг æмæ арæхстджынæй. Цыбыр рæстæгмæ минæтæхсæн хъуамæ бынатмæ æмбырдæй сæмбæлын кæной. Уый фæстæ йæ къахт бынаты срæвдз кæной. Минæ хъуамæ 1 мин æмæ 5 сæдæ метры дæрдзæфмæ раст æхст æрцæуа. Æфсæддонтæ равдыстой сæ арæхстдзинад, уыимæ ма сæ размæ æвæрд хæстæ сæххæст кодтой, нысантæ акъуырдтой хорз æмæ афойнадыл. Уæвгæ, æфсæддоны цард кæд зын у, уæддæр у цымыдисаг æмæ алкæмæн дæр зæрдæмæдзæугæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, ахуырты рæстæг алцыдæр ахсджиаг æмæ вазыгджын у. Ерысты кæронбæттæн хуыздæр минææхсджытæ архайдзысты 3-æм къæпхæны. АцæудзыстыХуссар æфсæддон зылды. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Тарскæйы полигоны сарæзтой 58 æм æфсады артиллеристты `хсæн ерыстæ
Категория:
Новости и СМИ