Йæ фарн æнустæм у цæринаг
Кæддæр Нигер фыста: «Къоста æрмæст поэт нæу. Ирон адæмы зондахасты у цавæрдæр тыхджын æмæ домбай хъæбатыр». Ирон адæмы уарзондæр поэт, æгæрон зæрдæйы хицауæн абон у йæ гуырæн бон. Йæ ном канд нæ бæстæйы хъуыстгонд нæу, фæлæ фæсарæнты дæр. Стыр аргъ ын кодтой дунейы зындгонд ахуыргæндтæ. Къостайы райгуырæн боны йæ æнæмæлгæ рæнхъытæ зæрдыл уæлдай тынгдæр æрбалæууынц. Абон ын йæ ном æрхъуыды кодтой æгас республикæйы. Афæдз иу хатт Ирон аргъуаны пантеон уæлдай ирд фæдары. Адæм, æхсæнады минæвæрттæ, республикæйы разамынд фæцæуынц, цæмæй кады аккаг радон хатт скæной Хетæгкаты Къостайы. Нæ рæсугъд мадæлон æвзаджы бындурæвæрæгæн. Фыццæгтæй иу уыд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Йе `рбацыдмæ 13-æм скъолайы ахуырдзаутæ кастысты Къостайы æнæмæлгæ рæнхъытæ «Ирон Фæндыр»-æй. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, Хетæгкаты Къоста кæй зæрдыл нæ лæууы, ахæм адæймаг Цæгат Ирыстоны нæ ссардзынæ. Къостайæн кадгæнджытæ ма абон дидинджытæ хастой Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон театры цур Къостайы цыртдзæвæнмæ. Республикæйы бæрнон кусджытæ, театры актертæ, ахуыргæндтæ, скъоладзаутæ æмæ Къостайы сфæлдыстадæн стыр аргъ чи кæны, уыдон æрбамбырд сты ам. Нæ зындгонд æмзæххон йæ цардæй фылдæр уарзта адæмы. Йæхи снывонд кодта сæ бæллицтæ æмæ хъуыдытæн, цырагъау сын фæсыгъдис. Цымыдисаг концерт æмæ фæндыры зæлтæ дардмæ хъуыстысты. Аив дзырды дæснытæ зæрдиагæй æмæ æхсызгонæй кæсынц Къостайы æнусон рæнхъытæ. Ирон театры фæз байдзаг курдиатджын адæмæй. Иууылдæр Къостайы фæдонтæ сты. Фæлæ дзы исчи йæ курдиаты цæхæрæй фæхайджын, зæгъгæ, уый рæстæг равдисдзæн. Сæйрагдæр у, мадæлон æвзаг сын адджын æмæ зынаргъ кæй ссис, уый. Раст æй Къоста куыд уарзта, афтæ. Къостайы гуырæн боны ирон театры байгом уыдзæн 84-æм театралон сезон дæр. Аивадуарзджытæн равдисдзысты Хетæгкаты Къостайы поэмæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Фатима». Поэты æнæмæлгæ уацмыс ногæй æмæ ногæй сæнкъуысын кæны адæмы зæрдæтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Йæ фарн æнустæм у цæринаг
Категория:
Новости и СМИ