Куыстуат «Баварийы» йы 25 азы кадæн Дзæуджыхъæуы уыд турнир
Дзæуджыхъæуы ахицæн «Баварийы» кубок рамбулыныл турнир футболæй. 3 боны дæргъы нæ республикæйы районтæй 10 командæйы тох кодтой хуыздæр суæвыныл. Ерысты кæронбæттæны хатдзæгтæм гæсгæ æртыккаг бынат бацахста Елхоты командæ. Дыккаг бынат райстой Цыколайы минæвæрттæ. Турниры уæлахиздзау ссис Беслæны командæ. Уымæй уæлдай ма сбæрæг кодтой чемпионаты хуыздæр спортсменты. Уыдон систы Наниты Зураб, Гуссойты Анатолий æмæ Джиголаты Дмитрий. Турниры уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой майдантæй æмæ зæрдыл дарæн лæвæрттæй. Бафтаудзыстæм ма уый ерыстæ снысан кодтой куыстуат Баварийы 25 азы бонмæ. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ чемпионат араздзысты æрвылаз. Футболæй уæлдай ма ерыстæ араздзысты хъæбысхæцтæй, къахдзоныгътыл аив бырынæй æмæ æндæр спорты хуызтæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Куыстуат «Баварийы» йы 25 азы кадæн Дзæуджыхъæуы уыд турнир
Категория:
Новости и СМИ