Уæлдай цæстдард
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг фембæлд республикæйы сывæллæтты хæдзæртты рауагъдонтимæ. Ацы аз æдæппæтæй сты 19. Республикæйы сæргълæууæгимæ фембæлыны тыххæй ссыдысты Мæздæгæй дæр. Битарты Вячеслав сывæллæттæн арфæ ракодта, царды стыр фæндагыл кæй æрлæууыдысты, уый фæдыл. Республикæйы сæргълæууæджы номæй рауагъдонтæн байуæрстой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Хъомылгæнинæгтæн та Битарты Вячеслав бузныджы ныхæстæ загъта, ахсджиаг куыст кæй кæнынц, уый фæдыл. Республикæйы сæргълæууæг ма зæрдæ бавæрдта, хицауад сывæллæтты æнæ цæстдардæй кæй нæ ныууаддзæн, уымæй. Æххуыс сын кæндзысты, дарддæры ахуыргæнæндæттæм бацæуынæн æмæ цæрæнбынæттæ ссарынæн дæр. Стæй сæ алчидæр цы дæсныйад равзара, уымæ гæсгæ баст æрцæудзæн профилон министрадтæм. Ведомствоты разамынд сывæллæтты хæдзæртты рауагъдонтæм лæмбынæг кæсдзысты, æххуыс сын кæндзысты сæ дарддæры царды, цалынмæ хи бинонтæ нæ саразой æмæ сæхи дарын хъом нæ фæуой, уымæн. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы цур сывæллæтты бартæ хъахъхъæнæг кокайты артуры ныхæстæм гæсгæ, ацы программæ арæзт цæуы æртыккæгæм аз. РЦИ-Аланийы сæргълæууæджы цур сывæллæтты бартæ хъахъхъæнæг Кокайты Артур: «Рауагъдон цас рæстæг ахуыр кæны астæуккагаг профессионалон кæнæ уæлдæрахуыргæнæндæтты, уыййас æм йæ цæст дары æххæстгæнæн хицауады органы разамонæг. Кæсы, куыд ахуыр кæны æмæ цы хъуаг æййафы, уымæ. Ацы фарстатæ, гæнæн ис, æмæ уой æрвылбоны цардимæ баст фарстатæ. Ома, æппынæдзух дæр министртæ кæнæ æндæр ведомствоты разамонджытæ баст сты сывæллæтты хæдзæртты рауагъдонтимæ. Суанг ма сæрдыгон дæр. Рауагъдонтæ æххуыс кæндзысты куыст ссарынæн дæр». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Уæлдай цæстдард
Категория:
Новости и СМИ