Цæгат Кавказы хъæды техни кумы райдыдта ахуырмæ исæн кампани
Цæгат Кавказы хъæды техни кумы райдыдта ахуырмæ исæн кампани
Цæгат Кавказы хъæды техникумы райдыдта ахуырмæ исæн кампани. Ахæсдзæн августы кæронмæ. Ахуырмæ хонынц 9-æм къласы рауагъдонты. 60 азæй фылдæр астæуккаг ахуырадон уагдон цæттæ кæны хъæды æмæ профилон паркты хæдзарадты специалистты. Ахуырады здæхтытæ кæнынц фылдæрæй фылдæр. Цæттæ кæнынц ног ахсджиаг æмæ хъæугæ дæсныйæдты специалистты дæр. Зæгъæм, ацы аз фыццаг хатт рауагътой дыргъдон парчы æмæ ландшафты арæзтады специалистты. Фидæны азы та дипломтæ райсдзысты "Физкултурæ"-йы дæсныйады специалисттæ.