Бæрæггæнæнты тыххæй
50 рæдыдæй фылдæр сбæрæг кодтой иумæйаг паддзахадон фæлварæн рагагъоммæ дæттыны рæстæг. Уый тыххæй кусæг къорды æмбырды фехъусын кодта республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Людмила Баширана. Сæрдариуæг дзы кодта Хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ. Людмилæ Башаринæ куыд зæгъы афтæмæй рæдыдтæ бирæ уыдысты. Ацы аз фæлварæн лæвæрдтой 200 адæймаджы. Сæ фылдæр - ивгъуыд азты рауагъдонтæ. Рæдыдтæ уыд фылдæр куыстытæ бæрæг кæнгæйæ. Сæ хадзæгтæм гæсгæ 23 куысты нæ банымадтой. Фæлварæн ногæй раттыны фадат уыдзæн фидæны аз. Куыд рабæрæг афтæмæй фæтк хæлдыдтæ скодтой куыд рауагъдонтæ афтæ мадзал аразджытæ дæр. Æмбырды ма се ргом раздæхтой иумæйаг паддзахадон фæлварæн фæткмæ дæттыны рæстæгмæ. 27-æм майы райдайдзæн. Аххæсдзæн 1 - æм июлмæ. Фыццаг бон дæтдзысты геогафи æмæ литературæ. Ныридæгæн фæнысан кодтой 4270 адæймаджы. Се `хсæн куыд ацы азы рауагъдонтæ афтæ ивгъуыд азы ахуыргæнинæгтæ дæр. Уымæй уæлдай ма профессионалон училищеты ахуырдзаутæй ахуыры æвдисæндар чи нæ райста æмæ Хуссар Ирыстоны скъолаты рауагъдонтæ. Иумæйаг паддзахадон фæлварæн раттынмæ сын байгом кæндзысты 25 пункты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бæрæггæнæнты тыххæй
Категория:
Новости и СМИ