Паддзахадон Думæмæ бахастой сæрмагонд закъоны проект
Иумæйаг хардзæй хæдзары арæзтады чи архайы, уыдоны фиддонтæй уæлдай ма цы схардз кодтой, уыцы фæрæзтæ фæстæмæ байуардзысты цæрæнуæтты арæзтадон компанийы уæнгтæн дæр. Депутаттæ рахастой уынаффæ, йæ бартæ чи не ’ххæст кæны, уыцы арæзтадон компанитæй цæрджыты бахъахъхъæнын. Ахæм хъуыдыимæ Паддзахадон Думæмæ бахастой сæрмагонд закъоны проект. Хъæппæрис разынд Паддзахадон Думæйы сæрдар Вячеслав Володин æмæ профилон комитетты разамонджытæм. Сæрмагонд гæххæты фæнысан кодтой, иумæйаг хардзæй хæдзары арæзтады чи архайы, уыдоны бартæ бахъахъхъæнын. Хæрдзтæ баххæст кæндзысты цæрджыты бартæ хъахъхъæнæн фонды æхцайы фæрзтæй. Компенсаци райсыны бар уыдзæн иумæйаг хардзæй хæдзары арæзтады 2019 азы 1-æм июльмæ чи фæзынд, уыдонæн. Эксперты бæрæггæнæнтæм гæсгæ абон уыцы цæрæнуæтты арæзтадон компанитæ сты 260. Æрдæг арæзтæй зайынц 1,5 милуан квадратон метры. Уыдонæй 132 цæрæнуæтты арæзтадон компанийы банымадтой банкротыл. Уыимæ ма компаниты фылдæр хаймæ ныртæккæ æхцайы фæрæзтæ фаг нæй, цæмæй арæзтад кæронмæ ахæццæ кæной. Æдæппæтæй æрдагкондæй чи лæууы уыцы объектты иумæйаг фæзуат Уæрæсейы у 350 мин квадратон метры. Цæрæнуæтты арæзтадон компанийы уæнгтæ сты 6 мин адæймаджы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Паддзахадон Думæмæ бахастой сæрмагонд закъоны проект
Категория:
Новости и СМИ