«Ирон бæгæныйы» фестиваль æркаст дарддæр цæуы нæ республикæйы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Дигорайы культурæйы галуаны абон æрбамбырд сты районы хуыздæр бæгæныфыцджытæ. Нæртон нозт фыцынæн дзы алкæмæ дæр ис йæхи сусæгдзинæдтæ. Фæлæ, се 'ппæт дæр пайда кæнынц экологон æгъдауæй сыгъдæг хойрагæй. Олысаты Бертæ у Къора- Урсдоны минæвар. Конкурсы архайы фыццаг хатт. Ирон бæгæныйы фестивалы районы къæпхæны архайджытæ уыдысты 18. Æрмæст ирон нозт нæ, фæлæ ма бæркадджын фынгтæ дæр æрвæрдтой се 'ппæт дæр. Конкурсы архайджыты дæсныйадæн аргъ кодтой сæрмагонд жюрийы уæнгтæ. Фыццаджыдæр, се'ргом здæхтой йе ’ддаг бакастмæ, йæ хуызмæ. Стæй уæд йæ адмæ дæр. Фестивалæн йæ архайджытæ æмæ жюрийы уæнгтæ дæр хæст сты иу хъуыдыйыл. Ирон бæгæны у нæ национ культурæйы æвдисæнтæй иу. Йæ бахъахъхъæнынæн ахæм фестивалтæ стыр пайда сты. Ирон бæгæныйы фестиваль у æппæтдунейон. Ацы аз арæзт у 8-æм хатт. Фыццаг хатт йæ сарæзтой нæхи республикæйы, стæй уæд йæ арæнтæ азæй-азмæ парахат кæнын райдыдтой. Йæ архайджыты нымæц дæр фылдæрæй-фылдæр кæны. Йæ сæйраг хæс у- нæ ирон бæгæныйы хъæздыг истори рæсугъдæй дарддæр хæссын. Фестивалы архайджытæ æмæ уазджыты зæрдæтæ бахъæлдзæг кодтой районы хæдахуыр къордтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

«Ирон бæгæныйы» фестиваль æркаст дарддæр цæуы нæ республикæйы

Категория:

Новости и СМИ