Дигорайы спорткомплексы сæхи алы спорты хуызты фæлварынц æппæт районы сывæллæттæ
Дигорайы спортивон комплекс куы сарæзтой, уæд уый стыр лæвар фæцис бынæттон цæрджытæн. Уынгтæй фæсивæд æрбасатар сты, æмæ уый дæр кæуылты у! Ныр сæ кæд искæй ссарынвæнд исчи кæны, уæд æй спортивон косплексы агурæд. Иууылдæр сæ ных сарæзтой ардæм. Сæ кармæ гæсгæ кæмæн æмбæлы, уыдонæй дзы иуыл дæр сæхи нæ атигъ кæнынц. Спортмæ æмхиц кæныныл архайынц куыд хæрзчысыл сабиты, афтæ йæ лæджы кары чи бацыд, уыдоны дæр. Цы нæ секци дзы ис, иу ахæм нæй. Байгом дзы кодтой, адæм кæй зонынц, канд спорты ахæм хуызтæ нæ. Стыр æргом дзы здахынц, нæ республикæйы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдонмæ дæр. Гъемæ, уæ кæд сцымыдис кодтам, уæд ма нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæйы æрмæгмæ бакæсут. Ацы къæвда бон араст Дыгуры районмæ, фæлæ йæ зæрдæ барухс, спортивон комплексмæ куы бакъахдзæф кодта, уæд. Цæмæй, уый ныртæккæ базондзыстут. Дигорайы спорткомплкес кæд рагæй нæ кусы, уæддæр канд Дигора нæ, фæлæ æппæт районы сывæллæттæн дæр сси уарзондæр бынæттæй иу. Ам сын ис æппæт хъæугæ уавæртæ сæхи спорты алы хуызты фæлварынæн. Чызджытæ уæлдай зæрдиагæй архайынц спортивон гимнастикæйæ. Лæмбынæг хъусынц сæ тренеры амынддзинæдтæм æмæ сæ бæрнонæй æххæст кæнынц. Чызджытæ дих сты 2 къордыл, алы къорды дæр 15 адæймаджы, 6 азæй 11 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ. Лæппутæ та уæлдай æмхиц сты футболмæ. Скъолайы фæстæ æппынæдзух æрбазгъорынц ардæм. Се' ппæт дæр фæнд кæнынц сæ фидæн спортимæ сбæттын. Ацы футболон фæзы удуæлдайæ архайынц сæ арæхстдзинад фæуæлдæр кæныныл. Æмæ ныридæгæн сæ къухы æнтысдзинæдтæ дæр бафтыд. Архайынц республикæйы чемпионатты æмæ ерысты. Спорткомплексы ис 5 тренеры футболæй. Алкæмæдæр дзы ис 2 къорды. Семæ кусынц æрвылбон. Ам та чызджытæ æмæ лæппутæ архайынц, ныртæккæ парахатдæр цы спорты хуызтæ сты, уыдонæй – греплинг æмæ панкратионæй. Фæзындысты хæрзæрæджы. Фæлæ дзы уæддæр сæхи тынг бирæ лæппутæ æмæ чызджытæ фæлварынц. Æрвылбон дæр ацы залы къахбавæрæн нæ вæййы. Ис дзы суанг 5-аздзыд сабитæ дæр ма. Ног приемтæ базонынмæ се `ппæт дæр тынг фæбæллынц. Цалынмæ иутæ сæхи гауызыл фæлварынц, уæдмæ иннæтæ та архайынц уæззау атлетикæйæ. Кæд нырма гыццыл сты, уæддæр уæззау штангæ рогæй фелвасынц. Сæхи цæттæ кæнынц ерыстæм. Уымæй уæлдай ма спорткомплексы ис уæгъдибар хъæбысхæст æмæ боксы секцитæ. Æдæппæтæй йæм цæуынц 800 сывæллоны. Ног спорткомплексы фæзындимæ районы сабитæн фæзынд фадат сæ уарзондæр спорты хуызтæй архайынæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дигорайы спорткомплексы сæхи алы спорты хуызты фæлварынц æппæт районы сывæллæттæ
Категория:
Новости и СМИ