Ирон æвзаджы ад
Цæгат Ирыстон абон сбæрæг кодтой стыр бæрæгбон - Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Дзæуджыхъæуы æмæ районты æнæхъæн бон цыдысты бæрæгбоны мадзæлттæ. Концерттæ, алыхуызон равдыстытæ, акцитæ. Зындгонд фысджыты цыртдзæвæнтæм хастой дидинджытæ. Алцыдæр æрмæстдæр нæ мадæлон æвзагыл. Нæ уацхæсджытæн ныхасы бар. Ирон æвзагыл æмдзæвгæтæ абон хъуысыдысты алырдыгæй. Скъоладзаутæ, фысджытæ, бæрнон кусджытæ, культурæйы минæвæрттæ æмæ республикæйы разамынд - иууылдæр æмхъæлæсæй дзырдтой - зонæм, уарзæм æмæ дзурæм нæ мадæлон æвзагыл. Бæрæгбоны мадзæлттæ фæткмæ гæсгæ райдыдтой райсомæй Ирон аргъуаны цур пантеоны. Ирыстоны номдзыд хъæбул, Хетæгкаты Къоастайæн аргъгæнгæйæ, мадзалмæ æрбацыдысты Битарты Вячеслав, Алексей Мачнев, Тускъаты Таймураз, Фадзайты Арсен, депутаттæ, культурæйы æмæ æхсæнады кусджытæ. Поэты ингæныл сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ. Скъоладздаутæ уазджытæн бакастысты Къостайы æмдзæвгæтæ. Дидинджытæ хастой Ирон театры цур фæзы Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæнмæ дæр. Æрбацыд æм 100 адæймагæй фылдæр. Се хсæн уыдысты æхсæнадон архайджытæ, культурæйы кусджытæ æмæ фæсивæд. Арæзт дзы уыд бæрæгбоны равдыст. Ирон театры актертæ та бакастысты æмдзæвгæтæ. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон - уæлдай кад æмæ сæрыстырдзинад хæссы нæ фыдыбæстæйæн. Мадæлон æвзаг зонын æмæ дзы пайда кæнын алы ирон адæймаг, æнæмæнг, хъуамæ зона. Ацы бæрæгбоны ма ахъуыды кæнын хъæуы, фидæны цы фæуыдзæн, ууыл. Цавæр аргъ ын кæндзыстæм æмæ цы кæнын хъæуы, цæмæй рохуаты ма баззайа. Бæрæгбоны мадзæлттæ сарæзтой Национ наукон чиныгдоны дæр. Æрбангом кодта цалдæр фæлтæры минæвæртты. Бацархайдтой дзы библиотекæйы кусджытæ, 38 скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ. Иунæг бæрæгбон дæр æнæ кафт æмæ зардæй нæ фидауы. Сывæллæттæ кафыдысты, зарыдысты, дзырдтой æмдзæвгæтæ. Мадзалы кæронбæттæны æрбацæуджытæ дидинджытæ сæвæрдтой ирон литературæйы ирд стъалытæ - Коцойты Арсены æмæ Гуырдзыбеты Блашкайы цыртдзæвæнтыл. Культурæйы минæвæрттæ та сарæзтой акци «Цветок к памятнику любимого писателя». Алкæмæн дæр йæ бон уыди уарзондæр фыссæджы цыртдзæвæнмæ дидинджытæ æрбахæссын. Афтæмæй акци аразджыты фæндыд æнусмæ цæргæ курдиатджын поэттæн уæлдай кад скæнын. Абон сæ кæй æрымысыдыстæм, уый мæнмæ гæсгæ уый раст у. Афтæмæй нæ фæнды равдисын, куыд зынаргъ нын сты нæ маделон æвзаг æнусты сæрты чи хаста, уыдоны. Æмæ кæд хæрз чысыл мадзæлттæ сты, уæддæр сæ хъуыды стыр у. Стыр Ирон æвзаг æмæ литературæйы стыр бæрæгбон æрхъуыды кодтой алы ран дæр. Алы районы æмæ хъæуы дæр - концæрттæ, равдыстытæ, акцитæ. Иууылдæр æрмæстдæр ирон æвзагыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ирон æвзаджы ад
Категория:
Новости и СМИ