Анна Левченко сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн цæттæ кæны хæринæгтæ
Республикæ дарддæр дæр æххуыс кæны сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн. Æрвитынц сын уæлæдарæс, хъазæнтæ, сабиты конд нывтæ. Нæ æрмæджы хъайтар Анна Левченко тохы быдырмæ æрвиты цæттæ хæринæгтæ. Йæ къæбицы сылгоймаг сарæзта чысыл кондад. Арвиты хъармхуыппыты алы хуызтæ, тӕнгъӕд кӕм нӕй, ахӕмтӕ. Ныридæгæн арвыста 7 партийы. Сылгоймаг агуры æххуысгæнджыты. Ахæм гыццыл дзæкъулы - зокъотæй хъæрмхуыппы иу барстхай. Конд у пайдайаг продукттæй. Хус зокъотæ, стуры фыд, хус дзул æмæ алыхуызон хъацæнтæ. Æрмæст ыл хъæуы фыцгæ дон æркæнын æмæ цалдæр минуты фæстæ тæбæгъ цæттæ. Менюйы алыхуызон хърмхуыппытæ. Зокъотæй арæзт хуыппагæй уæлдай, хохаг хъæдур, борщ тагъд та ма солянкæ цæттæ кæнын дæр райдайдзысты. Анна Левченко куыд радзырдта, афтæмæй иу дзæкъул сцæттæ кæнынæн бахъæуы цалдæр боны. Йæ къæбицæй раст чысыл куыстуат рауад. Халсартæ лыстæг скæрдын, уый фæстæ сæ сфыцын, сæрмагонд гарзы сæ бахус кæнын, сæ дон сын байсысын кæнын. Хус хърмхуыппытæ сæ пайдайаг æууæлтæ нæ сафынц. Къоппыл сæрмагондæй фыст цæмæй арæзт у æмæ куыд цæттæ кæнгæ, уый. Æппæт хойрæгтæ сылгоймаг йæхæдæг балхæны. Зонгæтæ дæр æм фæкæсынц. Се 'ххуысæй Аннæ самал кодта ног аппарат продукттæ хус кæнынæн. Афтæмæй, ын фадат фæцис кондады гæнæнтæ фæуæрæхдæр кæнын. Райдыдта хус къалбæстæ гогызы æмæ стуры фыдæй кæнын. «Обеды победы» змæлды тыххæй сылгоймаг фехъуыста йæ хæлæрттæй. Иумæ архайдтой æмхæларад «Шьём для наших»-ы. Къорд рæстæг бийынц цъындатæ, фæлмæн хъазæнтæ, уæлæдарæс. Арвитынц сæ æфсæддон операцийы бынатмæ. Сæ архайды сæйраг нысан, цæмæй нæ лæппутæ сæхи иунæг ма æнкъарой, зоной йæ кæм сæ уарзæм æмæ сæм кæй æнхъæлмæ кæсæм, зæгъы Анна Левченко. «Обед победы», змæлды адæм нæ фаг кæны. Хъæуы ма сæрмагондæй хæринаг хус кæнæн аппарат самал кæнын, афтæмæй кондад апарахат уыдзæн. Ныртæккæ æфсæддонтæн арвыстой авд партийы хæринæгтæ. Уазиты Зæлинæ