Национ телеуынынады разамынд сæххæст кодта Мамиаты Арсаланы бæллиц

9-аздзыд лæппу Мамиаты Арслан цæры Алагиры. Нæ бæстæйы иннæ сывæллæттау Митын Дадамæ фыстæг ныффыста æмæ йæ цæмæдæр гæсгæ Национ телеуынынады адрисыл арвитын бафæндыд, кӕд афтӕмӕй тагъддӕр ӕмбӕлин йӕ бынатыл, зӕгъгӕ. Фыстæг бынатмæ фæхæццæ. Нæ телеканалы разамынд загъта, сывæллоны Ног азы æнæ лæварæй ныууадзæн нæй. Æмæ ныр бæрæгбон хуызæй, хуынтимæ не 'сфæлдыстадон къорд цæуы Алагирмæ чысыл Арсланы бæллиц æххæст кæнынмæ. Мамиаты бинонтæ уазæгуарзон разындысты. Зæрдиагæй нӕ суазӕг кодтой. Мамиаты чысыл лæппу Митын Дадайæ ракуырдта къухыл дарæн сау сахат, стæй виртуалон æцæгдзинады кæсæнцæстытæ. Æнхъæл дæр нæ уыд, æмæ йыл сæмбæлдзысты. Мамиаты бинонтæ сæхи бæстонæй бацæттæ кодтой Ног азмæ. Уæлдай цин кæнынц, сæ лæппуйы бæллиц кæй сæхæст ис, ууыл. Мах зæрдæ та æппæт телеуынынадмæ кæсджытæн дæр зæгъы, сæ кæстæрты хуртæй æфсæст куыд уой. Биджелты Бертæ

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
46 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии