Санаторий «Осетия»-йы байгом сывæллæтты этно-культурон лагерь
Санаторий «Осетия»-йы байгом сывæллæтты этно-культурон лагерь
Ног хæлæрттæ ссарын, уыимæ зонындзинæдтæ фæхъæздыгдæр кæнын. Санаторий «Ирыстон»-ы байгом сывæллæтты этно-культурон лагерь «Иры фидæн». 18 боны дæргъы 30 сывæллонимæ архайдзысты фæлтæрдджын специалисттæ. Ахуыртæ цæуыдзысты æрмæст ирон æвзагыл. Сæйраг нысан у рæзгæ фæлтæрмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад рæзын кæнын. Цавæр цымыдисаг программӕ ма æрцæттæ кодтой сывæллæттæн мадзалараздджытæ, уыимæ сменæ кадджын уавæры куыд байгом кодтой, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Санаторийы ног фæлтæр байгом цыппар боны размæ. Уыцы рæстæгмæ сывæллæттæ систы хæлæрттæ. Афтæмæй сын æнцондæр уыд лагерь байгом кæныны мадзалмæ хи бацæттæ кæнын. Абон дæр уайтагъд рагацау амбырд сты, цæмæй цы равдыст бацæттæ кодтой, уый ноджы хуыздæр рауайа. Традицимæ гæсгæ, лагер байгом кодтой хонгæ кафтæй. Ацы лагеры сæ фæллад уадзынц фæсивæды хуыздæр минæвæрттæ. Æдæппæтæй 30 адæймаджы республикæйы районтæй. Иууылдæр сты ирон æвзаг æмæ литературæйæ æркастыты уæлахиздзаутæ, призертæ, аив дзырды дæснытæ. Сæ арæхстдзинад абон дæр нæ бавгъау кодтой. Этно-культурон лагерь ныр дыккаг аз бацæттæ кодта республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрад. Йæ сæйраг нысан у фæсивæды 'хсæн мадæлон æвзаг парахат кæнын. «Иры фидæн», зæгъгæ, ном дæр сменæйæн хуымæтæджы нæ равзæрстой. Уый тыххæй та сывæллæттæн бацæттæ кодтой хъæздыг программæ. 18 бонæй иунæг дæр уæгъд нæ уыдзæн. Ирон æвзаджы раззагдæр специалисттимæ ахуыртæ, викторинæтæ, экскурситæ, националон хъæзтытæ. Суанг ма, базондзысты актеры дæсныйады сусæгдзинæдтæ дæр. Ахæм гæнæн та сывæллæттæн, æнæмæнг, пайда уыдзæн. Ацы аз этно-культурон лагерь ацæудзæн 2 фæлтæрæй. Æдæппæтæй санаторий «Ирыстон» суазæг кæндзæн 60 сывæллоны. Гуырысхойаг нæу, се 'ппæт дæр ноджы хуыздæр кæй базондзысты мадæлон æвзаг, уый. Калоты Дзерассæ