Дзæуджыхъæуы сæйраг фæлладуадзæн парчы санитарон æгъдауæй базылдысты бæлæстæм
Дзæуджыхъæуы сæйраг фæлладуадзæн парчы санитарон æгъдауæй базылдысты бæлæстæм. Æркалдтой сын сæ хус къалиутæ, кæцыдæр бæлæстæ та бынтондæр акалдтой. Фæстаг 20 азмæ ахæм куыстытæ кæнынц фыццаг хатт. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй уавæр заууатмæ æрцыд. Парчы йæ фæллад чи уадзы, уыдонæн тæссаг у бæлас рафæлдæхынæй. Уымæ гæсгæ ацы куыстытæ сты ахсджиаг. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барисы уынаффæмæ гæсгæ, экологтæ æмæ къалиутæ цæгъдæг хъуамæ кусой иумæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ æндæр гæнæн нæй, бæлæстæ хъæуы калын, уымæн æмæ ацы фæлладуадзæн парк у æрдзон цыртдзæвæн. Ахæм куыстытæ кæнгæ сты зымæджы кæрон. Уæд бæлæстæ зилынæн у аккаг рæстæг: вæййынц сæ «фынæйы» æмгъуыды æмæ сын санитарон куыстытæ уыйбæрц зиан не `рхæсдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы сæйраг фæлладуадзæн парчы санитарон æгъдауæй базылдысты бæлæстæм
Категория:
Новости и СМИ