Сæрд - зымæгаразæг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

37 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

37 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

37 просмотров

8 лет назад

Радон хъармгæнæн сезонмæ Цæгат Ирыстонæн радих кæндзысты 268 милуан сомæй фылдæр. Уый тыххæй ныхас кодтой республикон штабы æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта Тускъаты Таймураз. Фидæны цас æмæ цавæр куыстытæ кæнын хъæудзæн уыцы къабазы, уый тыххæй докладимæ радзырдта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Сохъуырты Альберт. Хъармгæнæн сезонмæ бацæттæ кæндзысты 243 хъармгæнæн аджы, 249 км – хъармдæттæг хызæгтæ, 1784 км – дондзæуæн системæ, 173 километры та – электрон тыхдæттæн. Æмбырды сæ куыстæн дзуапп радтой муниципалон хайады разамонджытæ. Алагиры районы фæзынд ног сæйраг хъармгæнæн аг. Ног гæрзтæ хъавынц Дыгуры 3-æм скъолайы æмæ Сындзыхъæуы астæуккаг скъолайы дæр сæвæрын. Республикæйы хицауады сæрдар куыд фæнысан кодта, афтæмæй ног хъаргæнæн сезонмæ цæттæгæнгæйæ уæлдай ахсджиаг у цæстдарды уагдæтты `мгуыстад. Иннæ фарста – фатертæм хъарм кæй нæ фæхæццæ кæны, уый фæстиуджытæ иуварс кæнын. Арæх афтæ рауайы уый тыххæй æмæ хæлд вæййынц хæдзæрты мидæг хъармдæттæг хызæгтæ сæхæдæг. Тускъаты Таймураз бахæс кодта ахæм уавæр ма `руадзыны тыххæй æвæстиат æххуысы къордтæ саразын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Сæрд - зымæгаразæг

Категория:

Новости и СМИ