Райгуырды боныл Саламты Къолайы
Абон, 12-æм декабры 95 азы æххæст кæны адæмы уарзон актер, Советон Цæдисы адæмон артист Саламты Къолайы райгуырды боныл. Æрыдоны а-дунемæ рантыст, ирон театры æмæ кинематографийы ирддæр фæд чи ныууагъта, уыдонæй иу. Цæгат Ирыстоны театралон училище каст куы фæцис, уæд иучысыл акуыста актерæй Дзæуджыхъæуы театры. Фæлæ Фыдыбæстæйы Стыр хæст райдыдта, æмæ Саламты Къолайы йæ къухмæ хæцæнгарз райсын бахъуыд. 1944-æм азы уæззау цæф фæцис. Иу азы фæстæ йæ хъысмæт ногæй сбаста йæ уарзон театримæ. Актерæй уæлдай ма уыд режиссер æмæ драматург, ныффыста 30 пьесæйæ фылдæр, 9 дзы æвæрд æрцыдысты Ирон театры сценæйыл. Йæ тæмæнкалгæ курдиаты фæрцы арф фæд ныууагъта адæмы зæрдæты. Саламты Къола йæ цардæй ахицæн 2003 азы, ныгæд у Намысы Аллейæйы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Райгуырды боныл Саламты Къолайы
Категория:
Новости и СМИ