Мæскуыйы цæрæг ирæтты æхсæнады советы ног сконд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Джеоргуыбайы бон сбæрæг кæндзысты канд Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ ма Уæрæсейы æмæ фæсарæнты дæр. Уастырджимæ бакувдзысты ацы къуыри Мæскуыйы дæр. Абон та дзы сбæрæг кодтой Мæскуыйы цæрæг ирæтты æхсæнады советы ног сконд. Уый тыххæй сæрæзтой сæрмагонд æмбырд. Архайдтой дзы 800 адæймагæй фылдæр.  Цæгат Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы президенты цур Дзанайты Барис бакаст арфæйы фыстæг Битарты Вячеславы номæй. Куыд дзы нысангонд ис, афтæмæй Мæскуыйы æхсæнад ахадгæ бавæрæн хæссы уымы цæрæг ирæтты æнгом архайдмæ, уæлдайдæр фæсивæды хъомыладмæ, ирон æгъдæуттæм гæсгæ. Конференци байгом кодта Мæскуыйы ирæтты æхсæнады сæрдар Тотоонты Алыксандр. Йæ раныхасы фæбæрæг кодта, цы хæслæвæрдтæ снысан кодтой, уыдоныл куыст куыд цæуы, уый. Хатдзæгтæ дæр скодтой. Афтæмæй, æхсæнадæн сфидар кодтой йæ ног устав æмæ ног структурæ, ныр дзы уыдзæн президиум дæр. Уыимæ ма хистæрты æмæ фæсивæды советтæ. Æхсæнады скондмæ бацыдысты 49 адæймаджы. Се`хсæн Мæскуыйы медицинон уагдæтты кусджытæ Реуазты Алан æмæ Андрей Реутов, Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисткæ Газайты Еленæ æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ Амага Готти. Æхсæнады ног сæрдарæй та снысан кодтой Абайты Аланы. Уый у Уæрæсейы сгуыхт тренер, педагогон наукæты кандидат. Æхсæнады равзæрдыл 30 азы кæй сæххæст, уый фæдыл сарæзтой концерт. Йæ фæлгæты Мæскуыйы цæрæг ирæтты, се`нтыстдзинæдты тыххæй, схорзæхджын кодтой кадджын нысæнттæй. Ахæм хæрзиуæг балæвар кодтой Советон Цæдисы адæмон артисткæ, Стыр Театры кусæг Адырхаты Светланæ. Æмбырды кæронбæттæн йæ аразджытæ баныхас кодтой ахæм фембæлдтытæ арæхдæр аразын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Мæскуыйы цæрæг ирæтты æхсæнады советы ног сконд

Категория:

Новости и СМИ