Цæгат ирыстоны бийынц маскирокæгæнæн хызæгтæ
Цæгат ирыстоны бийынц маскирокæгæнæн хызæгтæ
Цалынмæ нæ æфсæддонтæ тохы раззагдæр бынаты хъæбатырæй хæцынц, уæдмæ ам, нæхимæ, бархионтæ архайынц, цæмæй уым цух мацæмæй æййафой. Хуыйынц маскировкæгæнæн хызæгтæ. Æххуыс сын кæнынц бирæ хæларзæрдæ адæм. Ныртæккæ нæ фæсивæды ахæм дзауматæ тынг хъæуынц. Бархионтæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ къуылымпы кæны, хи бæстыхаай сын кæй нæй, уый. Фæлæ куыстытæ бон дæр нæ лæууынц. Фæлæ цы хуызтæ равзарæн ис, уыдон бирæ не сты. Камуфляж æнæмæнг кæм хъæуы, уыцы бынæттæй курдиат æрбарвитынц. Змисхуыз хъуамæ уа æмæ кæрдæгхуыз, уый дæр сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ сæхæдæг фæнысан кæнынц. Уый фæстæ æнæмæнг æрбарвитынц бузныджы ныхæстæ. "Æфсæддонтæй чи райста ацы хызтæй, уыдон сæхæдæг дæр дзурынц, сæ хæрзхъæддзинад дуканиты æлхæдæй бирæ хуыздæр кæй у. Фидар сты, не скъуынынц". Æфсæддонтæ, сæ техникæ, блиндажтæ — маскировкæгæнæн хызты бын суанг тепловизортӕ дæр нæ зынынц. Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ ныридæгæн арвыстой 500 хызы бæрц. Адæм сæ бийынц æгас бинонтæй, сæхи хардзæй. "Нæ салдаттæн баххуыс кæнæн кæй ис, уый мын мæ нана загъта. Ам фыццаг хатт дæн. Мæн дæр фæнды уæлахизмæ æвæрæн быхæссын". "Ныртæккæ иу хыз райсдзынæн æмæ йæ нæхимæ ахæсдзынæн. Нæхимæ сæрмагонд цæджындзтæ сарæзтам, цæмæй нæ бон бийын уа. Афтæ нын æнцондæр у, стæй хызтæ дæр фылдæр скæндзыстæм. Уæгъд рæстæг иу мын куы фæуа, уæд кæндзынæн æрмæст ацы куыст". Маскировкæгæнæн хызæгтæ бийынц сæйраг парчы дæр. Ам бархионтимӕ баиу вæййынц Дзæуджыхъæуы цæрджытæ æмæ уазджытæ. Æххуыс кæнынц районты цæрджытæ дæр. "Бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæ хызтæ сæ кæртытæм ахæссынц æмæ сæ уым иумæ аразынц. Зæгъæм, Дзусты Ибрагимы номыл уынджы цæрджытæ тынг тагъд бийынц. Уæдæ нын Дигора æмæ Цыколайы дæр æххуыс кæнынц. Уымæй уæлдай, зæрæдты æмæ сывæллæтты хæдзæртты, университеты. Нæ фарсмæ бирæ адæм æрбалæууыд". Бархионтæ зындзинад æййафынц æрмæст иу фарстайы — бæстыхай сын нæй. Сæрмагонд бынат куы уаид, уæд æй адæм зониккой æмæ фылдæр цæуиккой. Нæ фæсивæдмæ та фæкæсын хъæуы. Уæлахизмæ æвæрæн бахæссын хъуамæ алы адæймагæн дæр ахсджиаг уа.