Хуссар Ирыстоны арæны посты цауы тыххæй байгом кодтой уголовон хъуыддаг
Гуырдзыстоны пост банымадтой æнæзакъоныл. Хуссар Ирыстоны квадрокоптер æрыппæрстой хуыцаубоны республикæйы арæнтæм хæстæг. Барадхъахъхъæнджытæ дзы пайда кодтой уголовон хъуыддаджы иртæстыты рæстæг. Хъуыддаг байгом кодтой гуырдзыйæгтæ арæны пост республикæйы рдыгæй кæй байгом кодтой, уый фæдыл. Уый тыххæй хъусын кæны фæсконфликтон зындзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат. Гуырдзыйæгтæ квадрокоптер кæй æрæппæстой, уый Хуссар Ирыстоны ‘рдыгæй банымадтой агрессийы актыл. Джиоты Мураты ныхæстæм гæсгæ, квадрокоптерыл нæмгуыты фæдтæ не ссардтой. Фæлæ у пырхытæ. Æппæтадæмон цæстдарджытæ йæ иртæстытæн райстой. Фæлæ сын бæлвырд дзуапп нæ радтой. Абон Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстон архайдтой Паддзахадты ‘хсæн быцæутæ иуварс кæныны тыххæй сæрмагонд æмбырды. Уым æрныхас кодтой Гуырдзыстоны арæны посты уавæрыл. Фыццаг ахæм фембæлд уыд 30-æм августы, Цънелисы хъæуы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн быцæу бацайдагъ къуыри размæ. Цънелисы хъæуы Гуырдзыстоны ‘рдыгæй аразынц æнæзакъонæй арæзт арæнты пост. 29-æм августы Хуссар Ирыстон Гуырдзыстонæй бадомдта пост айсын. Фæлæ сын гуырдзыйæгтæ сæ ныхас ницæмæ æрдардтой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны арæны посты цауы тыххæй байгом кодтой уголовон хъуыддаг
Категория:
Новости и СМИ