Дон хиды бынты
Нæ горæты администрацийы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Дзæуджыхъæуы Хæдарцаты Асланы номыл уынджы та ивинаг у къæвдаты дондзæуæн системæ. Чи дзы уыд, уыцы ныххизæнтæн дæр хъуамæ баивой сæ сæртæ. Фæлæ иу кæнæ дыууæ мæйы æмгъуыдмæ. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ цæрджытæ хъаст кодтой, дондзæуæнтæ гом кæй сты, уымæй. Адæмы æмæ хæдтулгæты æдасдзинадæн уыцы фæзынд тæссаг у. Ныххизæнтæ гомæй кæм баззадысты, уыцы рæтты-иу машинæты цæлхытæ ныссагъдысты. Адæм сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй хъуыддаг абон æмæ знон нæ равзæрд. Ныххизæнтæн сæ сæртæ афæдзы `рдæджы размæ систой. Мартъийы кæрон адæм администрацимæ бахатыдысты. Фæлæ та уым дæр цæлхдуртæ фæзынд. Администрацийы снысан кодтой фарста алыг кæнынæн ног æмгъуыд. Уымæ гæсгæ адæм сæхæдæг бавдæлдысты, æмæ тæссаг рæтты бæласы къалиутæ нытътъыстой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Дон хиды бынты
Категория:
Новости и СМИ