Бархионтæ æххуыс кæнынц посёлок Южныйы цæрджытæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

79 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Бархионтæ æххуыс кæнынц посёлок Южныйы цæрджытæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

79 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

79 просмотров

3 года назад

Посёлок Южныйы сæумæрайсомæй нырмæ иуварс кæнынц æрдзон бæллæхы фæстиуджытæ. Æнæрлæугæйæ кусынц профилон службæтæ. Сæ фарсмæ æрбалæууыдысты сæдæгай бархионтæ, бирæтæ - æгас бинонтæй. Семæ æрбаластой хъæугæ мигæнæнтæ æмæ дзауматæ. Горæты администрацийы сæргълæууæг куыстыты цыдмæ цæст дары йæхæдæг. Адæм æрбацыдысты æгас бинонтæй, суанг ма сывæллæттæ дæр - æрдзон бæллæх равдыста, зын сахаты кæрæдзийы фарсмæ æрбалæууын куыд ахсджиаг у, уый. Æппæтæй фылдæр хъыгдæрд баййæфтой Длинно-Долинская æмæ Курганная уынгтæ. Бынаты - сæрмагонд техникæйы 11 иуæджы æмæ сæдæгай адæм. Æмæ къæвда кæд æнæрлæугæйæ уары, уæддæр бархионтæ специалисттæн æххуыс кæнынц. Баххуыс кæнынмæ Южныйы цæрджытæм æрбамбырд сты æгас республикæйæ. Семæ æрбаласынц хъæугæ инструменттæ æмæ дзауматæ. Уæвгæ, ацы дуртæ æмæ ламидæтты уылты ацæуын дæр зын у. Фæлæ зындзинæдты раз ам фæстæмæ ничи кæны. Сæумæрайсомæй фæстæмæ бынаты уыд Милдзыхты Вячеслав дæр. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг æххуыс кодта бархионтæн æмæ нысан кодта куыстыты фæтк. Куыст цæуы тагъд æмæ æнæ къуылымпытæй. Дон, йæ фæндагыл цæуыл æмбæлыд, уыдон иууылдæр йемæ хаста. Хæдзæртты кæртыты цы цъыф сæмбырд, уымæн йӕ бæрзæнд метрмæ хæццæ кæны. Ахæм уавæрты сæрмагонд техникæйæн дæр зын у кусын. Уæдæ Бузойты кæрт дæр цъыф, хъæд æмæ дуртæй нæ зыны. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ кусынц æнæрлæугæйæ. Арæхстгай сыгъдæг кæнынц лæсæнтæ. Сæ быны фесты хæдтулгæтæ дæр. Отрядтæ «Добровольцы Кавказа», «Иры фæсивӕд», Хæххон аграрон паддзахадон университет æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты активисттæ, Ирвæзынгæнджыты æппæтуæрæсеон цæдис æмæ Адæмон фронт — æппæты дæр иу кæны адæмæн баххуыс кæныны нысан. Дзæуджыхъæуы Магкæты Зурабы æмæ Шмулевичы номыл уынгтæ ныридæгæн ссыгъдæг кодтой, ныртæккæ сыл змæлд сног ис. «Спецэкосервис»-ы кусджытæ, хиуыл нæ ауæрдгæйæ, архайдтой æртæ боны. Техникæ кусы Сапицкийы хохы, сывæллæтты лагерь «Хæххон уæлдæф»-ы цур. Ацы бынатæн дæр доны бын фæуынæй тæссаг у. Абон Шмулевичы æмæ Магкæты Зурабы номыл уынгтæй техникæ акодтой Горькийы, Куйбышевы, Гудованцевы уынгтæм æмæ фæрсуынг Солнечныймæ. Спецалисттæ сыгъдæг кæнынц Шмулевичы уынгыл 20-æм хæдзары уынг дæр.

, чтобы оставлять комментарии