Буроны цæрæг Илаты Марат хъæдæй кæны æрмдæсныйы куыст
Хъæдимæ бакусы æмæ дзы раст диссæгтæ саразы. Афтæ зæгъгæн ис Алагиры районы, Буроны цæрæджы тыххæй. Илаты Марат уарзы хъæдимæ кусыны æрмдæсныйад. Фæнды йæ адæмæн йæ зонындзинæдтæ бацамонын. Йæхæдæг сыл йæ саби бонтæй æмхиц у. Кæм рухсгæнæнтæ, кæм сæрдыгон бадæн бынæттæ, кæм та æндæр ахæм цымыдисаг дзауматæ. Ацы куыст æм æппындæр зын нæ кæсы. Райсомæй раджы сысты æмæ æрмæг агурыныл балæууы. Афтæмæй дзы цавæрдæр нывæфтыд рауайын кæны. Ныр æрмдæснымæ фæзынд райхалинаг фарта. Фæсивæды сразæнгард кæнын рохуаты цы дæсынайд зайы, уыцы дæсныйадыл - ахæм хæс йæ размæ сæвæрдта Буроны цæрæг лæппу. Хъæдимæ кусын Илаты Марат сахуыр йæхæдæг. Йæ къух цæмæ нæ арæхсы, иу ахæм нæй. Рухсгæнæнтæ, хъеллаугæнæнтæ, сæрдыгон бадæн бынæттæ, хъазæнтæ æмæ æндæр дзауматæ аразынæй æм цымыдисагдæр ницы кæсы. Цы дзауматæ сарæзта уыдонæй иутæ хаст фесты, иннæтæ та лæваргонд. Æрыгон лæппу 10 мæйы рæзгæ фæлтæры ахуыр кодта хъæдæрмæгимæ кусыныл. Уымæн та йын хорз фадат фæци, фæсивæдон форум «Машук»-ы цы грант рамбылдта, уый. Баззад ма йын иу фарст райхалын - бæстыхай самал кæнын. Нырмæ уал ахуыртæ Илаты Марат арæзта йæ хæдзары. Хъæдæрмæгæй кусын фæнды канд Буронæй сывæллæтты нæ, фæлæ Алагиры æмæ республикæйы æндæр районтæй. Ам иу йæ рог къухæзмæлдæй сывæллæттæн æвдыста хуымæтæг къодахæй нывæфтыдтæ куыд кæнын хъæуы, уый. Гранты фæрæзтæ Илаты Маратæн сфаг сты æрмæстдæр хъæдæрмæджы егъау кусæнгæрзтæ балхæнынæн. Аивадон куыстгæнæн къорды ахуыртæн, дыууæ æфсымæры, хъæдæрмæг амал кодтой хи хъарутæй. Илаты Мараты йæ курдиат æмæ йæ зонындзинæдтæ фæнды фæсивæдæн уарын. Йе стырдæр бæллиц - сæрмагонд æрмадз байгом кæнын. Куыд æй рацараздзæн уый бæргæ зоны, фæлæ йын нæй бæстыхай. Хъæдæрæмæгимæ кусгæйæ ацы æрмадзы сæ арæхстдзинад æвдыстой чызджытæ дæр. Хи бæстыхай куыстуарзæг лæппумæ куы фæзына уæд йæ авналæнтæ дæр æндæр уыдзысты. Уыдзæн дзы фæсивæдæн сæ уæгъд рæстæг пайдаимæ æрвитын. Уыимæ ма хъæдæрæмæгимæ кусыны скъола фæсивæдæн фадат ратдзæн базонын иннæ сывæллæтты дæр. Афтэмэй, Сæ хсæн лымæндзинад гуырын кæнын. Уый та пайда уыдзæн скъоладзаутæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Буроны цæрæг Илаты Марат хъæдæй кæны æрмдæсныйы куыст
Категория:
Новости и СМИ