Æнцонвадат царды архайды уавæртæ фæхузыдæр кæныны фæдыл æмбырд
Нæ республикæйы горæттæ бацархайдзысты æнцонвадат царды архайды уавæртæ фæхузыдæр кæныны æппæтуæрæсеон æркасты. Ахсджиаг проект куыд æххæстгонд цæудзæн, уый тыххæй ныхас кодтой сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ нæ республикæйы Хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег. Æркасты бацархайынмæ цæттæ сты Дигора, Беслæн, Алагир, Арыдон æмæ Мæздæг. Проекттæ рагагъоммæ æхсæнады размæ рахастой. Цæрджытæ сæхæдæг сбæрæг кодтой, банывыл кæнын сæ цавæр бынæттæ фæнды, уыдон. Зæгъæм, Беслæн æмæ Мæздæджы равзæрстой Уæлахизы парк. Æрыдоны та Фæскомцæдисонты номыл парк, Алагиры - сæйраг сквер, Дигорайы - горæты парк. Æркасты уавæртæм гæсгæ, уæлахиздзаутæн æхца рахай кæндзысты федералон бюджеты фæрæзтæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ахæм æппæтуæрæсеон æркаст сарæзтой нæ бæстæйы президент Владимир Путины бадзырдмæ гæсгæ. Фыццаг хатт ацыд 2018-æм азы. Æркасты сæйраг нысан у горæтты цæрджыты уавæртæ фæхуыздæр кæнын, уыимæ ма лæггæдты хæрзхъæддзинад дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æнцонвадат царды архайды уавæртæ фæхузыдæр кæныны фæдыл æмбырд
Категория:
Новости и СМИ