«Дзæуджыхъæу нæ иумæйаг хæдзар»
«Дзæуджыхъæу - нæ иумæйаг хæдзар». Афтæ хуынд, абон республикæйы цы сфæлдыстадон фестиваль ахицæн, уый. Сарæзтой йæ Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады ахуырады управлени æмæ сывæллæтты хъомылады артдзæст «Аивад». Цалдæр боны нæ горæты скъолаты ахуырдзаутæ сæ курдиæттæ æвдыстой жюрийы уæнгтæн. Зарыдысты, кафыдысты æмæ дзырдтой æмдзæвгæтæ. Архайдтой дзы 600 адæймагæй фылдæр. Мадзалы сæйраг хæс уыд, Ирыстоны цы бирæ адæмыхæттытæ цæры, уыдоны культурæ æмæ `гъдæуттæ равдисын. Хуыздæртæ архайдтой гала-концерты. Уым жюрийы уæнгтæ равзæрстой уæлахиздзауты æмæ скодтой хатдзæгтæ. Гран-прийæ схорзæхджын кодтой дыууæ скъолайы, 5 скъолайы бацахстой фыццаг бынæттæ, 7-æй - дыккаг, æхсæз ахуыргæнæндонæн та саккаг кодтой æртыккаг бынат. Нæ бирæнацион республикæйы ацы фестиваль ахсджиаг у, уымæн æмæ адæмы 'хсæн хæлардзинад фидардæр кæны._ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
«Дзæуджыхъæу нæ иумæйаг хæдзар»
Категория:
Новости и СМИ