Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд терроризмы ныхмæ къамисы æмæ оперативон штабы æмбырд
Хицауадæй бар нæ райсгæйæ бирæ адæмы архайдимæ акцитæ аразджытæ цы хуызы æфхæрд цæудзысты, уый тыххæй цæржытæн хъусын кæнын дзуапдæттæг ведомствотæн бабар кодта Сергей Меняйло. Ууыл ныхас цыд терроризмы ныхмæ къамисы æмæ оперативон штабы иумæйаг æмбырды. Регионы разамонæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахсджиаг у æппæты карздæр мадзæлттæй спайда кæнын, цæмæй республикæйы æдасдзинады уавæрмæ цæстдард цæуа æнæрлæугæйæ. Уымæй уæлдай дзуапдæттæг оргæнытыл æвæрд ис, æвзæрстыты, бæрæгбæтты, спортивон мадзæлтты рæстæг адæмы æдасдзинад бахъахъхъæныны æмæ террористон акттæй бахизыны хæс. Мидхъуыддæгты министрады Пъæлицæйы хайады хицау Агънаты Уырызмæг куы фехъусын кодта, афтæмæй æхсæнадон мадзæлтты рæстæг пъæлицæйы кусджытæ рад хæсдзысты дывæр фæткмæ гæсгæ.