Ног цæрæн бынæттæм

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Сывæллæтты хæдзар "Виктория"-йы хъомылгæнинæгты "Хуры тынмæ" кæй раивтой, уый æхсæнад базмæлын кодта. Адæм быцæу кæнынц, социалон хызæгты цы кадртæ фæзынд, уыдоны фæдыл. Уым сывæллæтты æхсæвыгон, кæугæйæ ласынц ног бæстыхаймæ. Уæвгæ, ахуырад æмæ наукæйы министр Азымты Иринæ бирæ хæттыты дзырдта, дыууæ уагдоны æнæ баиу кæнгæ кæй нæй. Уый уымæн, æмæ "Виктория"-йы сывæллæттæ æнæмбæлгæ уавæрты кæй цардысты. Цæмæн афтæ дардтой сæхи хъомылгæнинæгтæ, уый та базыдта не сфæлдыстадон къорд. Дæ хызынтæй дæ дзаумæттæ сис, бахуыссæн кæн... Ног цæрæн бынæттæ цæттæ сты æмæ æнхъæлмæ кæсынц сæ ног хицæуттæм. Алина Измайловайы гуырæн бон æмæ, ног бæстыхаймæ цы бон балыгъдысты, уыдон баиу сты. Куыд зæгъы, афтæмæй сæ сывæллæтты хæдзар "Виктория"-йæ цæуын нæ фæндыд. Фæлæ сын ам дæр æвзæр уавæртæ нæ бацæттæ кодтой. Изæрдалынгты сывæллæтты ног бæстыхаймæ куыд ласынц, уыцы видеокадртæ знон уайтагъд апарахат сты интернеты. Социалон хызæгты адæм æнæрынцойæ фыстой сæ хъуыдытæ. Цæмæн кæуынц, æхсæвыгон сæ цæмæ ласынц æмæ æндæртæ? Фыццаг бакастæй афтæ зыны, цыма сывæллæтимæ карз ныхас кодтой, кæнæ та семæ йæхи исчи æвзæр дардта. Уый тыххæй бафарстам хæдбар психологы дæр. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, сывæллæттимæ куыд æмбæлы, афтæ фаг нæ бакуыстой. Сывæллæттæ та кæм æмæ кæимæ фæцæрынц, уыдоныл сахуыр вæййынц. Иу ранæй сæ иннæмæ куы ласай - уæд сын уый зæрдæтæ къахы. Тадтаты Лаурæ - психолог:  «Чи зоны æмæ цыдæр хъуыддæгтæ ауагътой. Сывæллæтты кæуын æмæ цъæхахст хъуамæ ма федтаиккам. Иннæрдыгæй та - уый диссагыл æмæ æнæнхъæлæджы цауыл банымайæн нæй. Адæймаджы психологи куыд у, афтæ рауад. Сывæллæттæ сахуыр сты иу ран цæрыныл. Ацы хæдзар сын уарзон у. Æндæр ранмæ сæ цæуын кæй бахъуыд, уый сын сæ зæрдæты æрхæндæг æнкъарæнтæ бауагъта. Ахæм уавæрты бирæтæ сæ цæссыг нæ бауромынц». Ног ран сæхи куыд æнкъардзысты зæгъгæ, фарстæн "Хуры тын"-ы директормæ æрмæст иу дзуапп ис. Сывæллæттæй алкæй дæр зоны, алкæуылдæр сæ, куыд йæхионыл, йæ зæрдæ афтæ риссы. Фидарæй зæгъы - алы хъомылгæнинагмæ дæр æмбæлгæ цæстдард уыд. Йæ уды хъарм сын ничи бавгъау кæндзæн. Тменаты Феликс - сывæллæтты хæдзар  «Хуры тын»-ы хицау:  «Ацы сывæллæтты æз рагæй зонын. "Хуры тын"-ы сывæллæттимæ иумæ бирæ мадзæлтты архайдтой. Кæрæдзиимæ дæр зонгæ сты æмæ сын æнцондæр уыдзæн ног ран фæцахуыр уæвынæн. Мæнæн та се `ппæтыл дæр мæ зæрдæ риссы. Куы сæ `рбаластой, уæд сыл не ппæт дæр бацин кодтам, сывæллæттæ сын тыхджын къухæмдзæгъд сарæзтой. Уайтагъд къордгай адих сты. Уæдæ хотæ æмæ æфсымæртæ чи сты, уыдоны нæ дих кæнæм. Иу къорды вæййынц. Кæд знон кæугæ кодтой, уæд сæм ныр бакæсут - иууылдæр худынц æмæ раст цымæ хи хæдзары сты, сæхи афтæ æнкъарынц». Ай та у сывæллæтты хæдзар  «Виктория». Сывæллæттæ кæм цардысты, уыцы бæстыхай цалдæр азы размæ меценаттæ сарæзтой. Ис дзы хорз уавæртæ, æмбæлгæ домæнтæн дзуапп дæтты. Уый иннæ бæстыхæйттæй зæгъæн нæй. Сарæзтой йæ 1962 азы æмæ уæдæй фæстæмæ дæсгай азтæ бындуронæй цалцæггонд нæ уыдысты. Зæгъæм, хæринаггæнæн корпусы къултыл хъуына фæхæцыд, агъуыстыты уымæлы тæф. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ - санитарон домæнтæн дзуапп нæ дæтты. Хуыздæр уавæры не сты иннæ агъуыстытæ дæр. Сæ хъомылгæнинæгтыл дзургæйæ, сывæллæтты хæдзар "Виктория"-йы кусджытæ æмбарын кæнынц - сабиты, æнæмæнг, хъуыд хуыздæр уавæрты æрцæрын кæнын. Фæлæ сæ тыххæй ничи ласта. Къорнаты Виктория - Сывæллæтты хæдзар  «Виктория»-йы хицауы хæдивæг:  «Фæнды мæ социалон хызæгтæй пайдагæнджытæм фæсидын. Уыцы фыстытæ куы бакастæн, уæд дзы бирæтимæ ай-гъай дæр разы нæ дæн. Стæй дзы цъыфкалæн ныхæстæ дæр нæ хъуыд. Æппæт хъуыдытæ дæр ис æмбæлгæ `взагæй фыссæн. Бирæтæ хъуыддаг лæмбынæг нæ зонынц. О, сывæллæттæ куыдтой. Фæлæ сæ бамбарæн ис. Уæхи ма сæ бынаты авæрут - карджын адæймаг дæр ма уал азы иу ран куы фæцæры, уæд уымæн дæр зын куы вæйы æндæр ранмæ цæуын. Ам та сывæллæттæ сты». «Виктория»-йы хицау Дауыраты Марат йæхæдæг бацархайдта сывæллæттæн ног æмбæлгæ цæрæнбынат бацагурыныл. Куыд зæгъы, афтæмæй сын ам се `нæниздзинадæy тæссаг уыд. Ахæм уавæрты гуыбыннизæй фæрынчын кæнынæн дæр бирæ нæ хъуыд. Хъыг ын у, хъуыддаг бæлвырд чи нæ зоны, уыдон интернеты хъаугъа кæй расайдтой. Зыхъуаты Жаннæ, Джиоты Николас. Тебиаты Аслан, Ирыстоны хабæрттæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Ног цæрæн бынæттæм

Категория:

Новости и СМИ