Къостайы проспектыл асфальты цалцæг баурæдтой Прокуратурæйы уынаффæмæ гæсгæ

Къостайы проспектыл асфальты цалцæг баурæдтой Прокуратурæйы уынаффæмæ гæсгæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы пресс-службæйæ. Фарон августы Инæлар Плиты Иссæйы номыл уынгæй Нальчикская уынджы онг трамвайы фæндаг æвæрын райдыдтой. Уæд асфальт сног кæнынæн бюджеты æхца нысангонд нæ уыд. Ацы аз фæндаджы хай цалцæджы пъланмæ бахастой. Проект сфидар кодтой оперативон штабы æмбырды. Фæлæ уый фæстæ Прокуратурæ хъуыддагмæ ивддзинæдтæ бахаста. Ныртæккæ фарстайыл куыст цæуы, — фæнысан кодтой горæты администрацийы Фæндаггон арæзтад æмæ фæндаггон змæлд нысан кæныны управленийы. Администраци хатыр куры, зынвадатæн быхсын кæй хъæуы цæрджыты, уый тыххæй.

Иконка канала IRYSTONTV
1 465 подписчиков
12+
22 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии