Разамонджыты фæндзæм юбилейон конкурс «Лидеры России»-йы архайджыты регистраци кæронмæ æрхæццæ
Разамонджыты фæндзæм юбилейон конкурс «Лидеры России»-йы архайджыты регистраци кæронмæ æрхæццæ
Разамонджыты фæндзæм юбилейон конкурс «Лидеры России»-йы архайджыты регистраци кæронмæ æрхæццæ. Æдæппæтæй курдиæттæ балæвæрдтой 160 мин адæймаджы Уæрæсейы регионтæй æмæ дунейы 89 бæстæйæ. Се 'ппæтыл дæр цæуы 55 азы онг æмæ кусынц разамонджытæй, сæ фæлтæпрддзинад 2 азæй фылдæр, афтæмæй. Архайджытæ системæмæ бахастой сæ биографион анкетæтæ æмæ видео-интервью. Уый у сæйраг домæн, цæмæй архайджытæн фадат уа дистанцион къæпхæны хæслæвæрдтæ базонынæн. Конкурсы уæлахиздзауæн балæвар кæндзысты 1 милуан сомы. Ацы хатт архайджыты 'хсæн фæфылдæр сылгоймæгты нымæц. Ис ахæм регионтæ, сæ нымæц 50 %-æй фылдæр кæм у. Архайджыты фылдæр хай кусынц промышленность, ахуырады, информацион технологиты, телекоммуникациты, арæзтад æмæ архитектурæйы, амалхъомады, æнæниздзинадхъахъхъæнынады къабæзты. Курдиæттæн сæ фылдæр та балæвæрдтой алыхуызон куыстуæтты разамонджытæ.