Экологон фарстатæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

20 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

20 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

20 просмотров

9 лет назад

600 милуан сомæй фылдæр схардз кæндзысты, Уыналы æмæ Фыййагдоны хауæццæгтæ экологийæн цы зиан æрхастой, уый фæстиуджытæ аиуварс кæныныл. Уый тыххæй завод "Электроцинчы" кусджытимæ пресс-конференцийы абон фехъусын кодта Тускъаты Таймураз.  Куыд загъта, афтæмæй зæххы уæлцъар сног кæныны мадзæлттæ райдайдзысты иннæ азы. Йæ ныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй уый размæ Александр Хлопонин, УФ-йы æрдзхъахъхъæныны министрады æмæ Уæрæсейы æрзмæ цæстдарды службæйы эксперттæ уыдысты Цæгат Ирыстоны, сбæрæг кодтой экологон уавæр. Сæ хатдзæгтæм гæсгæ уавæр у тынг тæссаг. Æрæджы Уæрæсейы хицауады æххуысæй уавæр хуыздæрырдæм ивын райдыдта. Сæрмагонд фæткмæ гæсгæ 2019-æм азмæ заводты хауæццæгтæ фесæфдзысты. Пресс-конференцийы рæстæг ма ныхас кодтой завод "Электроцинчы" рæзтыл. Хæстæгдæр азты райдайдзысты ног программæ æххæст кæнын. Йæ фæрцы заводы гæнæнтæ æмæ авналæнтæ фæуæрæхдæор уыдзысты, экологийæн та ноджы къаддæр зиан хæсдзысты. Фидæн азы фæнд кæнынц ног кусæнгæрзтæм рахизын, стæй цехтæ рацаразын. Æппæт куыстытыл бахардз кæндзысты 202 милуан сомы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Экологон фарстатæ

Категория:

Новости и СМИ