Республикæйы 3 мин цæрæджы, гæнæн ис, æмæ бахъыгдарой донивылдтытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Республикæйы 3 мин цæрæджы, гæнæн ис, æмæ бахъыгдарой донивылдтытæ. Æдæппæтæй 24 хъæуы, 41 фæндаджы уаццаджы, 27 хиды æмæ 10 гидротехникон кусæнгарзы. Уый тыххæй хъусын кæнынц Цæгат Ирыстоны Æнæнхъæлæджы цауты министрады. Донивылдтыты рæстæг кæй æрхæццæ кæны, уый фæдыл нæ республикæйы цæуынц цæттæгæнæн мадзæлттæ. Ныридæгæн районты кусынц доныбылгæрæттæ фидаркæныныл. Цæугæдæттæ сыгъдæг кæнынц. Сæрмагонд техникæ архайы Црауы, Галоны, Дæллаг Бирæгъзæнджы, Суададжы, Майрамададжы æмæ Дæллаг Санибайы. Ныртæккæ цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ Æрыдоны, доныбылгæрæттæ бæстон кæнынц сæ дæргъ1200 метры бæрц кæмæн у, уыдон. Хæстæгдæр рæстæг Фарны хъæуы бавналдзысты 600 метры йæ дæргъ кæмæн у, уыцы доныбылгæрæттæ цалцæг кæнынмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Республикæйы 3 мин цæрæджы, гæнæн ис, æмæ бахъыгдарой донивылдтытæ

Категория:

Новости и СМИ