Фыййагдоны скъолайы ахуырдзаутæ цæуынц Анапæмæ
Фыййагдоны астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ 4-æм февралы цæуынц Анапæмæ. Республикæйы «Зондаби»-ты къорды архайдтой Фыййагдоны скъолайы командæ «Ахуырамы фæдонтæ». Уыдон республикæйы интеллектуалон ерысты бацахстой фыццаг бынат. Ныр цæттæ сты ног ерыстæм. Æдæппæтæй командæйы ис 9 адæймаджы. Цæуынц денджызы былмæ æмæ уым 2 къуырийы дæргъы фæлвардзысты сæхи алыхуызон хæслæвæрдты. Кучиты Зæринæ цыппар хатты архайы интеллектуалон хъазт «Зондаби»-ты. Ацы аз æй равзæрстой къорды сæргълæууæгæй. Куыд зæгъы, афтæмæй тынг зæрдиагæй архайы. Хъуыбадты Аминæ та фыццаг хатт хъазыд республикон интеллектуалон конкурс «Зондабитæ». Фæнды йæ, цæмæй ахæм хъæзтытæ кæной арæхдæр. Ахæм конкурстæ адæймаджы мидæг гуырын кæнынц райгуырæн бæстæмæ тыхджын уарзондзинад. Аминæ дзы архайы сыгъдæгзæрдæйæ æмæ тырны фылдæр сгуыхтдзинæдтæм. Брытъиаты Георгийы та сразæнгард кодта йæ хистæр æфсымæр. Хæрз гыццылæй-иу æй йемæ ракодта хъазтмæ, каст-иу сæм, æмæ йæхицæн нысан сывæрдта, интеллектуалон хъæзтыты йæхи кæй бафæлвардзæн. «Ахуырамы фæдонтæ» кæрæдзиуыл тынг æнувыд сты, кæрæдзийæн кæддæриддæр феххуыс кæнынц, уæлдайдæр та, сæ командæйы цы кæстæртæ ис, уыдонæн. Ацы сывæллæттæн ис стыр фидæн. Уымæн æмæ сæхиуыл кусынц, архайынц, æмæ сын æнтысгæ дæр кæны. Сæ фарсмæ ис куырыхон разамонджытæ æмæ сæ ныййарджытæ, уыдон сæ аразынц раст фæндагыл. Цæгат Ирыстоны Ахуырад æмæ наукæйы министрад стыр лæвар скодта республикæйы скъолатæн. Фыййагдоны æмæ Æрыдоны астæуккаг скъолаты ахуырдзаутæй, республикæйы фыццаг бынæттæ чи райста, уыдон архайдзысты Æппæтуæрæсеон сывæллæтты центр «Сменæ»-йы «Город мастеров»-ы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фыййагдоны скъолайы ахуырдзаутæ цæуынц Анапæмæ
Категория:
Новости и СМИ