Мæ дам сылгоймæгтæ лæмæгъ сты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Дзюдоисткæ Хуыбылты Ирæнæ кæд нырма æрыгон у,уæддæр иу æмæ дыууæ хатты не ссис æппæтуæрæсеон æмæ æппæтадæмон  ерысты уæлахиздзау. Уымæн æвдисæн йæ бирæ хæрзиуджытæ.Æрæджы ссис Европæйаг ерысты уæлахиздзау. Цæмæ равзæрста ацы спорты хуыз æмæ æвзонг спортсменты хсæн Олимпаг хъæзтытæм йæхи куыд цæттæ кæны, уый тыххæй радзырдта не сфæлдыстадон къордæн. Фыццаг бакастæй нырма сывæллон, фæлæ зæгъæн ис æмæ йæ спортивон миниуджытæ ирдæй разынындысты. Уæдæ кимоно та йæ уарзондæр уæлæдарæс у. Хуыбылты Ирæнæйыл 17 азы цæуы. Уыдонæй 7 азы снывонд кодта дзюдойæн. Зæгъын хъæуы уый, æмæ спорты ацы хуызы архайынмæ нæ тырныдта. Уæдæ ацы секцимæ дæр æнæнхъæлæджы æрбахауд. Йæ хистæр æфсымæр æй æрбахуыдта. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, уайтагъд бамбæрста, ацы спорт йæ зæрдæйы арф бынат кæй æрцахсдзæн, уый. Кæронбæттæн тохы 7 секундмæ сси Европæйы чемпион. Уый хуымæтæджы нæ уыд. Чызг йæхи тынг хъаруджын æмæ ныфсхастæй равдыста, уый та йын бар радта йæ бæллиццмæ уæндонæй цæуынæн. Иренæ йæ кæстæртæн дæнцæгæн хæссинаг у.Æрыгон спортсментæ Ирæнæйы уды тых æмæ хъару фæзмгæйæ архайынц,уый хуызæн суæвыныл. Уыдоны дæр фæнды спорты бæрзæндтæм схизын. Ныртæккæ спортсменкæ разæнгардæй йæхи цæттæ кæны æвзонгт спортсменты хсæн Олимпаг хъæзтытæм.Уыдзысты ацы аз фæззæджы Аргентинæйы. Уырдæм ацæуын æмæ дзы уæлахиздзау суæвын Ирэнæйæн йæ сæйраг нысан у. Йæ къухы куы бафта, уæд йæ бон суыдзæн 2020 азы цы Олимпаг хъæзтыты архайын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Мæ дам сылгоймæгтæ лæмæгъ сты

Категория:

Новости и СМИ