Сагъдæй баззайгæйæ
Уæллаг Ларсы уадзæн пункт машинæтæй нал зыны. Сæдæгай адæм цалдæр сахæттæ рады лæугæйæ баззайынц. Куыд æй зонæм ахæм уавæры уадзæн пункт фыццаг хатт нæй. Фарон ныхас кодтой, фæндаг фæуæрæхдæр кæныныл. Фæлæ хъуыддаг размæ не `нкъуысы. Уæдмæ та адæм лæууынц. Бирæ ма ахæсдзæн, цымæ, ахæм уавæр, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Уæлдæфы температурæ 35 градусæй фылдæр куы уа, æмæ дæ афтæмæй фæндаджы астæу рады лæууын куы хъæуа, уæд уымæй зындæр æвæццæгæн ницы ис. Гуырдзыимæ арæнтты сæрты чи цæуы, уыдоны нымæц сæрдыгон зынгæ фæфылдæр вæййы. Уыимæ, сæ фылдæр машинæтыл сты. Арæнхъахъхъæнджыты бæрæггæнæнтæм гæсгæ æрмæст иу бонмæ арæнты сæрты дыууæрдæм 2000 хæдтулæгы ацæуы. Адæмы нымæц та 4 минмæ ввахс вæййы. Æнхъæлмæгæсджыты æмæ машинæты рад та фæндагыл 2 километрыл бæрц адаргъ вæййы. Ам фæлæууынц 5-7 сахаты. Афтæдæр иу уыди æмæ рады суткæ лæууыдысты. Ахæм уавæр сæвзæры июнæй – августмæ. Æвæццæгæн, ахæм бæлццон нæ разындзæн, фæндаджы астæу лæугæйæ чи ма схъуыр-хъуыр кæна. Бонæй-бонмæ хъæстыты нымæц фылдæр кæны. Алкæмæндæр йæхи аххосаг ис. Чидæр йæ сывæллæттыл тыхсы, кæмæндæр та ахæм боныхъæд йе нæниздзинадыл æвзæрырдæм фæзыны. Сæ ныфс дарынц, фарста тагъд рæстæг лыггонд кæй æрцæудзæн, ууыл. Фарста лыг кæнын кæй хъæуы, уый тыххæй зонынц «Росгранстрой»-ы уæнгтæ дæр æмæ Цæгат Кавказы арæнхъахъхъæнынады управленийы дæр. Транспорты министрад æмæ арæнхъахъхъæнæг управлени хъуыддагыл бæстонæй равзæрстой, уый фæстæ сарæзтой кусæг æмбырд. Цы уынаффæтæ дзы рахастой, уыдон фехъусын кодтой. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та, контролон-уадзæн пункты фæндаг фæуæрæхдæр кæнын кæй хъæуы, уый. Сарæзтой пълан, хызæгтæ æмæ схемæтæ. Хæстæгдæр рæстæг ацы фарстайыл Мæскуыйы бакусдзысты. Ис æрмæст иу фиппаинаг – проект æххæстгæнгæйæ фæндаг хъуамæ æхгæд ма рцæуа. Цæгат Ирыстоны таможняйы хицау Сергей Троцко: «Æркастыстæм инженерон æмæ техникон æгъдауæй фарста алыг кæнын куыд хуыздæр уыдзæн, уымæ. Кусæг æмбрыды фæстæ арæзт æрцыдысты хатдзæгтæ. Тагъд рæстæг, нæ зæрдæ дарæм, уавæр кæй аивдзыстæм æмæ адæм кæй нал тыхсдзысты, ууыл». Фæстаг рæстæг хъуыддаг хуыздæрырдæм аивта. Тожняйы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, фæндаджы иу хай ног кусæнгæрзтæй сифтонг кодтой. Уадзæн пункты æдæппæтæй 14 хайы ис. Сæвæрдтой ма паспорттæ бæрæг кæныны уæлæмхасæн бынæттæ. Фæлæ уæддæр се ппæт адæмыл не ххæссынц. Афтæмæй иууылдæр, арæнхъахъхъæнджытæ дæр, бæлццæттæ дæр æнхъæлмæ кæсынц фæндаг кæд фæуæрæхдæр уыдзæн, уымæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Сагъдæй баззайгæйæ
Категория:
Новости и СМИ