Хъырымы цæуынц Дзæуджыхъæуы театр «Саби»-йы гастрольтæ
Хъырымы цæуынц Дзæуджыхъæуы сывæллæтты театр «Саби»-йы гастрольтæ. Райдыдтой 10-æм майы. 12 боны артисттæ сæ курдиат æвдисдзысты Хъырымы театруарзджытæн. Афтæмæй аивады фæрцы фидар бындур æвæрынц дыууæ республикæйы `хсæн хæлар ахастытæн. Гастрольты фæрцы аивадуарзджытæ зонгæ кæнынц Цæгат Ирыстоны культурæимæ. Сæ балцы `мгъуыдмæ бабæрæг кæндзысты Хъырымы цалдæр горæты. Уæдæ спектакльтæ дæр цалдæр сты. Цæмæй барухс кодтой æмæ кæндзысты нырма адæмы зæрдæтæ, уый тыххæй нын комкоммæ эфиры телефоны фæрцы бæлвырддæр радзурдзæн Театр «Саби»-йы актрисæ, стæй не `мкусæг Берозты Алинæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъырымы цæуынц Дзæуджыхъæуы театр «Саби»-йы гастрольтæ
Категория:
Новости и СМИ