Æрдзæн - зиан!

2 тыс. подписчиков

12+
12+

10 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

10 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

10 просмотров

7 лет назад

Республикæйы экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрад сидынц адæммæ, цæмæй уæлдæфон тымбылджытæй мауал пайда кæной. Бæрæг куыд у, афтæмæй гелийæ дымст резинæ тымбылджытæ арвы цъæхмæ арæх стæхынц.  Уыцы газ та æрдзæн хæссы стыр зиан. Уæдæ сæхæдæг дæр хæрзмæ нæ ахадынц нæ алыварс дунейыл. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй тымбылæг хауы пластмассæйæ арæзт дзауматæм. Сырдтæ сæ арæх холыйы `фсон аныхъуырынц æмæ афтæмæй фæхъæстæ вæййынц. Уый нæ, фæлæ ма уый аххосæй арæх мæлæты къахыл дæр ныллæууынц. Иртасджытæ æмбисондæн хæссынц, зæгъæм, денджызы тымбылджытæй цы латексы муртæ баззайы, уыдон. Доны цы денджызон уæртджынхæфсытæ цæрынц, уыдон сæ азарæй байсæфынц. Тымбылæг, зæгъæн ис, æмæ пластикон бырон у. Æмбийын куы райдайы, уæд дзы разыны æнæниздзинадæн зианхæссæг буаргъæдтæ. Фæнысан ма кæндзыстæм уый, æмæ латексæй конд тымбылджытæ æмбийынц 4 азы, капронæй кæй скæнынц, уыдон 100 азы. Фæлæ, зæгъæм, æфсæн гæххæттæй кæй сарæзтой, уыдон та 200 азы не `мбийынц. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Уæрæсейы иннæ регионтæ дæр уыцы хъуыддагмæ се `ргом аздæхтой. Дæнцæгæн æрхæссæн ис Санкт-Петербург æмæ Сочи. Ацы горæтты æхсæнадон бæрæгбæтты уæлдæфон тымбылджытæй пайда кæнын банымадтой æнæзакъон цауыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æрдзæн - зиан!

Категория:

Новости и СМИ