Экологон фарст
Хауæддзæгтæ бабиноныг кæнынæн бафиддзысты федералон бюджетæй. Ацы фарстайыл æрдзырдтой абон нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды æрдзæй пайда кæнынмæ цæстдарæг федералон службæйы департаменты сæргълæууæг Роман Саркисовимæ фембæлды. Уазæг куыд загъта, афтæмæй цæттæ сты республикæйы экологон фарстатæ алыг кæнынмæ. Зæгъæм, баххуыс кæндзæн хауæддзæгтæ æмæ цардыуаджы бырон ногæй бакусынæн регионалон программæ ныфыссынæй. Ныхас ма цыд сыгъдæггæнæн амаддзæгтæ саразыны тыххæй дæр. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, ацы хъуыддагæн дæр æнæ федералон æххуысæй республикæ ницы бакæндзæн. Ахæм хæдзарад республикæйы æппындæр нæй. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг ма бафиппайдта æндæр хъуыддаг дæр. Республикæйы æрдзон фæдзæхст зæххытыл чи цæры, уыцы адæмæн аразæн æмæ цалцæджы куыстытæ сæ хæдзæртты кæныны бар нæй. Нæ республикæйы сæргълæууæг фæсидт уымæ, цæмæй ацы фарстайыл кусгæйæ цæрджыты бартæ хъыгдард ма 'рцæуой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Экологон фарст
Категория:
Новости и СМИ